Фæндæгтæ рацаразынæн

0
54

Туристон объекттæ æмæ бальнеологон курорттæм цæуæг фæндæгтæ цæмæй нывыл уавæры уой, национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæстгæнæг фæндагаразджытæ ууыл архайынц.

«Туристон» фæндæгты æмæ сыл æрбынæттонуæвæг объектты рацарæзты фæткмæ гæсгæ, æрæджы Цыколайæ Комы-Артмæ фæндаджы 22-æм кило-
метрыл ногæй байгом тъунел (йæ дæргъ – 126 метры) æмæ ныр егъау уæзласæн хæдтулгæтæ æмæ автобустæн амынд тъунелыл Дыгургомы хохаг хъæутæ æмæ турбазæтæм цæуыны фадат ис.

Национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ, ацы аз цалцæггонд æрцыдысты Дигорайæ бальнеологон курорт «Урсдон»-ы суæртты гуырæнтæм цæуæг фæнда-
джы дыууæ хайы (сæ иумæйаг дæргъ – 5350 метры). Ирыстоны туристон æмæ бальнеологон объектты рæзт нымад у республикæйы экономикæйы размæцыды ахсджиагдæр рахæцæнтæй иуыл. Регионы разамынд ацы хъуыддагмæ иудадзыг стыр æргом здахы. Фæстаг авд азы дæргъы нæ республикæйы 130 километрæй фылдæр «туристон» фæндæгтæ цалцæггонд æрцыдысты.

Ирыстоны ахсджиаг туристон объектмæ – курорт «Цъæй»-мæ – бацæуæн фæндаг 2030 азмæ рацаразынæн æхцайы фæрæзтæ цæмæй рахай кæной, Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинимæ хъуыддаджы фембæлды рæстæг нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло уый бафæдзæхста. Амæй размæ Ирыстоны æппæтæй зындгонддæр чи уыд, уыцы амынд хохаг курортмæ нырыккон фæндаг кæй нæй, уый аххосæй фæстаг рæстæг «Цъæй»-мæ цæуæг туристтæ æмæ фæлладуадзджыты нымæц бæлвырд фæкъаддæр. Курорт цæмæй сæндидза, уый тыххæй дзы нырыккон инфраструктурæ (уыимæ – фæндæгтæ дæр) саразын æмбæлы.

Бæстæйы Хицауады Сæрдары бардзырд, стæй «Росавтодор» фарстайыл æмбæлгæ уагæй кæй бакуыста, уый фæрцы æмæ амынд хæххон курорты ахсджиагдзинад нымайгæйæ, фæндаджы рацарæзты æмгъуыд дыууæ азы фæцыбыр кодтой æмæ куыс-
тытæ сæххæст кæнынæн фæрæзтæ бахастой 2026-2028 азты Уæрæсейы Федерацийы бюджетмæ.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here