Уастырджимæ кувæн къуыри

0
78

Алы бæрæгбон дæр адæмы цардæй равзæргæ у. Цæуылдæриддæр æнцой кæны, уыдон сты адæмы удыхъæд, зонд, æрхъуыдыдзинад, гæрзарм, зæрдæргъæвддзинад. Йæ бæрæгбон чи куыд æххæст кæны, уый дзурæг у йæ культурæ-йыл, йæ тырнындзинæдтыл.

Афæдзы дæргъы ирон адæммæ бирæ алыхуызон бæрæгбæттæ вæййы. Уыдонæн сæ кадджындæр æмæ дзаджджындæртæй иу у Уастырджимæ кувæн къуыри  Джеоргуыба. Вæййы, фæззыгон хъæууонхæдзарадон куыстытæ куы фæвæййынц, адæм сæ быдырты, цæхæрадæтты тыллæг куы бафснайынц, сæ фосæн зымæгиуат куы æрцæттæ кæнынц, куы сæ бабиноныг кæнынц, уæд. Хъæууон фæллойгæнæг сæдыхст, йæ фыдæбон бæлвырд фæкъаддæр, æмæ йын фадат фæвæййы йæ зæд æмæ дуаджы ном ссарынæн, йæ афæдзы фæллойæ куывдты, чындзæхсæвты бадынæн, йæ фæллад суадзынæн. Æмæ фæззæджы бæркæдтæй дзаг вæййы йæ фынг. Уыцы бæркæдтæй ивылы горæтæгты фынгтæм дæр. Гъе уымæ гæсгæ Джеоргуыба нымад у дзаджджындæр бæрæгбоныл. Фылдæр хатт ноябры фæстаг
къуыри райдайы æмæ къуыри ахæссы. Уыимæ йе ‘рвитæн бон дæр хъуамæ уа ноябры. Бæрæгбон декабрмæ нæ хизы. Ноябры мæй иронау хуыйны Джеоргуыбайы мæй, стæй ма Чындзæхсæвты мæй дæр. Раздæр-иу алчидæр тырныдта бæркадджын фæззæджы  ацы мæй йæ фыртæн ус ракурынмæ, хъæздыг чындзæхсæв скæнынмæ, æмæ-иу фидыды рæстæг чызджы бинонтимæ баныхас кодтой ацы мæймæ. Æмæ йæ рахуыдтой Чындзæхсæвты мæй дæр. Йæ хæдфæстæ ралæууы зымæг. Хистæртæ хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: “Джеоргуыба мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон”.

Ноябры æртыккаг хуыцаубоны йыл райдайынц цин кæнын, галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры та акæнынц фыскусæрттæ. Изæрæй  дыццæджы, къуырийы бонтæй Уастырджийы боны, райдайы Уастырджимæ кувæн æхсæв. Æмæ, йæ фадат кæмæн фæамоны, уый йæ кувинæгтæ ахæссы Уастырджийы кувæндоны бынмæ. Уым сын сæ скувынц, стæй фæдзæхсæнимæ сæхимæ æрыздæхынц æмæ, бæрæгбоны фарн æфтыд цы хойрагыл æрцыд, уый дæр хæдзары фынгæвæрды фарсмæ æрæвæрынц. Уыцы æхсæв дæ фынгмæ искæй æрбахонын æнæмæнг хъуыддаг нæу – Уастырджимæ алчидæр кувы йæхи хæдзары.

Уæд райдайы Уастырджимæ кувæн къуыри. Дыккаг хуыцаубоны вæййы Уастырджийыл хи фæдзæхсæн бон, æмæ уый хæдфæстæ къуырисæры изæрæй  – йе  ‘рвитæн æхсæв. Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, немæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, не ‘гъдæуттæ йæ зæрдæмæ чи айста, не ‘взаг нын чи æмбары,  уыдон дæр. Фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Сыгъзæрин Уастырджимæ.

Зæгъынц, къуырийы дæргъы Ирыстоныл, ирон адæмыл Уастырджи фæуары Хуыцауы хæрзтæ. Къуырисæры, йе ‘рвитæн æхсæвы та атæхы йæ базырджын бæхыл Хуыцауы размæ. Æмæ ма, дам, æртæ касты фæстæмæ фæкæны, йæ рифтаджы ма Хуыцауы хæрзтæй цы аззайы, уыдон дæр уæд ракалы Ирыстонмæ. Йæ æрвитæн æхсæвы кувæг лæг уыцы хæрзтæй дæр фæкуры йæ бинонтæн, бадты адæмæн.

Джеоргуыба рагон ирон бæрæгбон кæй у, уый бæрæг у, адæмон сфæлдыстады дæр ыл кæй æмбæлæм, уымæй. Фæлæ дзы, Уастырджимæ кувгæйæ, йæ номыл гуырдзиаг æвза-джы, стæй чырыстон дины тæваг бæлвырдæй зыны. Ном «Джеоргуыба» конд у чырыстон дины сыгъдæг уд — æрыгон  хæстон лæг Георги æмæ гуырдзиаг дзырд «оба» –  бæрæгбонæй. Ома, Джеорг (Георг) уыба (оба)  — Джеоргуыба —  Джеоры бæрæгбон. Бæрæг у, чырыстон дин Ирыстоны цы гуырдзиæгтæ — дины лæгтæ парахат кодтой, уыдон зæрдиагæй кæй бакуыстой. Уаз Георгийы номимæ йæ бабастой. Кæд раздæр æмæ ныр дæр ирæттæм ацы бæрæгбон Уастырджиимæ баст уыд æмæ у, уæд къухы бафтыд, йе ‘цæг ном ын  цæмæй ферох кодтаиккой, уый. Уæддæр бæрæгбоны фынгыл дыккаг сидт вæййы Уастырджийы номыл, æртыккаг та – бæрæгбоны фæдыл. Иннæ сидтыты дæр кувæг лæг æнæмæнг ары Уастырджийы ном. Уымæй, табу йын кæнгæйæ, куры хæрзтæ, уымæй агуры æххуыс, иннæ зæдтæ æмæ дауджыты ном аргæйæ. Джеоргуыбайы зæдтæ æмæ дауджытæм чи фæкувы, уый та рæдийы. Уымæн æмæ бæрæгбон у Уастырджимæ кувæн къуыри, æмæ кувын дæр хъæуы æрмæстдæр  Уастырджимæ. Иннæ зæдтæ æмæ дауджытæ йæм ницы бар дарынц. Уый бæрæгбон у, æмæ йæ бæрæгбоны йе ‘ргом тынгдæр раздахы йæ кувæг адæммæ. Стыр Хуыцаумæ дæр кувæм, уымæн æмæ Дунескæнæг у, уый сфæлдыста адæмы, зæдтæ æмæ дауджыты дæр. Суанг ма мард дæр уый бар у, æмæ йæ зианы фынгыл ууыл фæдзæхсæм. Ууыл фæдзæхсæм бинонты æмæ бадты адæмы дæр.

Уастырджи ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ зæдтæй у, Иунæг Стыр Хуыцау-мæ æппæты æввахсдæр чи лæууы, ахæм. Уымæн Хуыцауы хæдзары дуар æдзухдæр у гом. Зæхмæ, ирон адæммæ дæр ратæхы Хуыцауы разæй, йæ хæрзтæ сын рахæссы, Хуыцау æмæ ирон адæмы ‘хсæн у дыууæрдæм минæвар. Ирыстоны зæххыл кæмыты æрбадт, уыцы бынæттæ ирон адæмæн систы кувæндæттæ. Афтæ равзæрдысты Хетæджы, Къобы, Дзывгъисы, Рекомы, Джеры, Хурхоры, Дыгуры, Ныхасы æмæ æндæр рæтты Уастырджийы кувæндæттæ. Байаты зындгонд Гаппойы рагон ракуывды хуымæтæджы афтæ загъд нæй: “О, Иры Уастырджи, баххуыс кæн! Бызыбын – дæ рындзылбадæн, Дзывгъисы кувæндон – дæ бонасадæн, Ломисы рагъыл – дæ бæхбæттæн”. Ирон адæм æй фырбуцæй хонынц “Сыгъзæрин Уастырджи”, “Хъæбатыр Уастырджи”, “Зæринбазыр Уастырджи”. Кæнынц ыл зарджытæ. Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй “Лæгты дзуар”.

Уастырджийы фæлгонц ирон адæймаджы цæстытыл ауайы урс  цъæх бæхыл бадгæйæ, бæрзонд, бæзæрхыг, аив фæлыст, урсзачъе мидбылхудгæ ас нæлгоймаджы хуызы. Афтæмæй æвдыст цæуы адæмон сфæлдыстады, стæй нывкæнынады дæр. Уый бады уæларвы, у Хуыцауы раз  мæгуыр адæмы сæрылхæцæг, ирон адæм ыл фæдзæхсынц сæ кæстæрты, хæстонты, бæлццæтты, рынчынты, сæхи, сæ хорз хъуыддæгтæ.

Афæдзы дæргъы Уастырджимæ кувæн бæрæгбæттæ бирæ хæттыты вæййынц. Уæлдæр ранымад кувæндæтты йын йæ ном табугæнгæ, нымдгæнгæ иумæйагæй ссарынц. Джеоргуыбайы  та йæм фæкувынц къуырийы дæргъы алкæмдæр: сæ иумæйаг куывдты æмæ хицæн хæдзæртты. Ирон адæм ын йæ ном фæарынц дзаг фынгты уæлхъус, сæ хорз сыхæгтимæ, иннæ адæмыхæттытæй хæлар æмæ уарзонæй кæимæ цæрынц, уыдонимæ. Уый арфæйаг хъуыддаг у, æмæ бацархайын фæхъæуы, цæмæй алцыдæр æгъдауыл æмæ фæзминаг уа.

Бæрæгбонæн йæ ном йæ уæлæ ис,  иннæ бонтæй хицæн кæны, бæрæг дары. Ацы бонты хъуамæ алы ирон дæр бæрæг дара йе ‘гъдау, йе сныхас æмæ дзаумайы кондæй дæр. Уастырджийы куывды æгъуызæй, ома, чъизи кæнæ спортивон уæлæдарæсы, æнæдастæй бадын, æнæуаг дзыхæй дзурын нæ фæтчы. Уыцы уагæй йæхи чи февдисы, уый иуæй нымд нæ кæны бæрæгбонæй, иннæмæй та ницæмæ дары, кæй хæдзары ис, стæй, иу фынгыл кæимæ бады, уыдоны.

Хистæртæ сæ кæстæртæн æрвылбон дæр, уæлдайдæр та бæрæгбоны, æгъдау æмæ фæтк ирдæй куы фæзынынц, уæд хъуамæ уой фæзминаг. Бæрæгбоны фарны æгъдау сын хъуамæ æмбарын кæной хъуыддагæй æмæ ныхасæй. Ирон бæрæгбон, уæлдайдæр та Джеоргуыба у бануазын æмæ бахæрынæн нæ, фæлæ ирон зæрдæйы парахатдзинад æмæ хæрзæгъдау равдисынæн. Бæрæгбоны расыг фæуын кæнæ нозтдзуан зилын худинаг у. Кæстæртæ алцыдæр фиппайынц, æмæ ахæм адæймаг сæ цæсты сæгад вæййы, æрвонгæй дæр ын йæ ныхасæн аргъ нал фæкæнынц. Кæстæртæн фæзминаг æгъдау равдисын, фыдæлты фарн сыл бафтауын у алы хистæры хæс дæр.

Æмæ ма ноджы иу курдиат: уæхи-иу бахизут карз нозтæй. Къуырийы дæргъы нæ алчидæр бирæ хъуыддæгты бахауы, æмæ дзы æгъдау хъуамæ уа фылдæр, нозт та  – къаддæр. Уымæй бахъахъхъæндзыстут уе ‘нæниздзинад æмæ уæ бинонты æнцойдзинад.

Джеоргуыбайы хуызæн бæрæгбæттæ иу кæнынц адæмы, фарн сын æфта-уынц сæ удтыл, фидардæр кæнынц нæ фыдæлты æгъдæуттæ. Уыдон та семæ хæссынц ирон æвзаджы рæсугъд зæл, йæ хъомыс ын кæнынц фылдæр.

Цгъойты Хазби

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here