Ног чингуытæ

0
62

Ирон аивадон литературæйы хæзнадонмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдонæй иу у зындгонд фыссæг æмæ публицист, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг Агънаты Гæстæн. Йæ курдиат у бирæвæрсыг. Йе сфæлдыстад ын хорз зонынц Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дæр æмæ йын аргъ кæнынц.

Æрæджы  Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны кадджын уавæры арæзт æрцыд Агънаты Гæстæны ног чингуыты презентаци. Бацæттæ йæ кодта æмæ уазджытæн арфæ ракодта чиныгдоны бæстæзонæн  хайады сæргълæууæг Мурасты Риммæ. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ, сæ сæргъы – правленийы сæрдар Хозиты Барис, афтæмæй, республикæйы наукæ æмæ культурæйы кусджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Профессионалон æхсæнад æмæ чиныгкæсджытæ базонгæ сты фыссæджы дыууæ ног чиныгимæ – «Уылæнтæ» æмæ «Базырджын ныхæстæ».

Чиныг «Уылæнтæ»-мæ хаст æрцыдысты, автор фæстаг рæстæг цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Гæстæн фыссы адæмыл, адæймаджы хорз æмæ æппæрццæг миниуджытыл, æхсæнад æмæ дунеæмбарынад куыд аивтой, уый тыххæй. Чиныгкæсджытæ йыл зæрдиагæй сæмбæлдзысты Дзæуджыхъæуы чиныгдæтты. Дыккаг чиныг  «Базырджын ныхæстæ»-йы Гæстæн æрæмбырд кодта, алы кары чиныгкæсæгæн дæр цымыдисаг чи уыдзæн, ахæм хъуыдытæ.

Хозиты Барис арфæ ракодта мадзалы архайджытæн.

– Уæлдай арфæ мæ фæнды ракæнын ацы чиныгдоны кусджытæн, уымæн æмæ нæ фысджытæ ам фыццаг хатт не сты. Гæстæнимæ рагæй зонгæ стæм, йæ фыццаг чингуытæ куы рацыдысты, уæдæй фæстæмæ. Кæрæдзийæн аргъ кæнæм. Мæ бон афтæ зæгъын у, æмæ, чиныгæй чиныгмæ йе сфæлдыстадон æрмдзæф куыд рæзыди, уый фæзминаг хъуыддаг у кæстæр фысджытæн. Гæстæн у цæстуарзон адæймаг æмæ цардмæ дæр кæсы æргом зæрдæйæ. Фыссы ныры дуджы цаутыл. Адæймаг йе сфæлдыстады мидæг куыд рæзы, ууыл дзурæг сты, йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдон. Гæстæны сфæлдыс-тадон æрмдзæф рæзыди радзырдæй уацаумæ, уацауæй – романмæ æмæ æртæ прозæйы жанры дæр йæхи æрмдзæф ссардта, – загъта Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар.

Гæстæнæн арфæ ракодтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой зындгонд скульптор, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, Советон Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг Дзбойты Михал, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Дзасохты Музафер, республикон газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ æмæ иннæтæ.

Дзæуджыхъæуы 40-æм астæуккаг сколайы ахуырдзаутæ аив зæрдылдаргæйæ бакастысты Агънаты Гæстæны фыст уацмыстæй скъуыддзæгтæ.

– Фыссæгæн сæйрагдæр у, адæм æй куы кæсой. Фыссæг æмæ сфæлдыстадон адæймагæн уый у сæйрагдæр фарста – цæмæй йæ уацмыстæ кæмдæр чингуыты тæрхæгыл дзæгъæл лæуд ма кæной, фæлæ сæ адæм кæсой æмæ сæ æмбарой, – зæгъы Гæстæн.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here