Нюрнберг: дунейы адæмты тæрхоны 80 азы бонмæ…

0
113

Уæрæсейы Историон æхсæнад æмæ «Фыдыбæстæйы истори»-йы фонды æххуысæй Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты бакодтой стыр куыст историон-документалон равдыст «Нюрнбергы тæрхоны хъуыддаг. Историйы нæсахуыргонд уроктæ»-йыл. Уыимæ, ацы ахсджиаг темæйыл университеты сарæзтæуыд сæрмагонд «тымбыл стъол» дæр. Уым Нюрнбергы тæрхоны хъуыддаджы хатдзæгтæ æмæ фæстиуджыты тыххæй докладтæ скодтой университет æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты студенттæ.

Абон Уæрæсе æххæст кæны историон мисси сабырдзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл, адæймаджы бартæ бахъахъхъæныны фæдыл, чи цы адæмыхаттæй кæнæ диныл хæст у, уымæ нæ кæсгæйæ.

«Уæрæсе араздзæн æппæт дæр, цæмæй Нюрнбергы трибуналы хатдзæгтæ рохгонд ма цæуой, цæмæй Дыккаг дунеон хæсты трагеди макуыуал æрцæуа. Советон адæм рацыд хъæбатыры фæндагыл æмæ йæ иудзинады, æнæкæрон хъару æмæ удварны фæрцы ныддæрæн кодта нацизм», – дзырдта йæ раныхасы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин.

Нюрнбергы тæрхоны хъуыддаг – дунеон тæрхон фашизмæн уыд немыцаг горæт Нюрнбергы Барадтæрхоны галуаны. Уый ахаста 1945 азы 20 ноябрæй 1946 азы октябры 1 бонмæ. Æфсæддон трибунал арæзт æрцыд цыппар егъау паддзахады бындурыл: ССР Цæдис, Америчы Иугонд Штаттæ, Великобритани, Францы минæвæрттæй. Советон Цæдисæй сæйраг аххосгæнæгæй ныхас кодта Украинæйы ССР-йы прокурор Роман Руденко. ССР Цæдисæй Трибуналы уæнг уыд Советон Цæдисы Сæйраг тæрхондоны сæрдар Иона Никитченко.

Фашистты аххосæгтæ бафидар кæныны æрмæджытæ æмбырд кæнын райдыдтой Германы капитуляцийæ бирæ раздæр. Советон Цæдисы æрдыгæй тæрхоны хъуыддаджы консультантæй архайдта уголовон барады специалист Арон Трайнин.

ХХ æнусы Сæйраг тæрхон – «Адæмты тæрхон» цыд №600 залы 316 боны дæргъы.

Нюрнбергы тæрхоны рæстæг арæзт æрцыд 403 гом æмбырды, 216 тæрхоны хъусынгæнинаджы, уыдоны раныхас кодтой 240 æвдисæны, фехъусын дзы кодтой 300 000 фыст æвдисæны, уыдон фидаргонд æрцыдысты протоколы 16000 фарсыл. Цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдоны тыххæй Трибунал аиуварс кодта коллективон аххосдзинад æмæ сфидар кодта индивидуалон аххосдзинад.

Аххосгæнджытæ фыццаг хатт официалон документмæ бахастой ног термин ГЕНОЦИД, уый нысан кæны цыфæнды национ, этникон, рассон кæнæ динон къорд æнæхъæнæй, кæнæ йæ кæцыдæр хай фесафын. Трибуналы раз æрлæууыдысты фашистон Германы уæлдæр разамынды 24 хæстон фыдгæнæджы. А. Гитлер, Г. Гиммлер æмæ Й. Гебельс не ’рлæууыдысты тæрхоны раз, уымæн æмæ Æртыккаг рейхы фæстаг бонты сæхи амардтой.

Æрцауындзыны тæрхон хаст æрцыд 12 адæймагæн: Геринг, Риббентроп, Кейтель, Кальтенбруннер, Розенберг, Франк, Фрик, Штрейхер, Заукель, Зейсс-Инкверт, Йодль, Борманæн та тæрхонгонд æрцыд фæсаууонмæ. Тæрхон сæххæст кæныны размæ Геринг ахæстоны йæхи амардта.

Дунеон æфсæддон трибунал фыдгæнæг организацитыл банымадта: СС («Хъахъхъæнджыты къорд»), СД («Æдасдзинады службæ»), СА («Ныббырсты къордтæ») æмæ гестапо.

Мæлæты тæрхон æххæстгонд æрцыд Нюрнбергы ахæстоны 1946 азы 16 октябры æхсæвы.

Ахстыты иугай кодтой, Барадтæрхоны галуаны ауындзæнтæ кæм уыдысты, ахæстоны уыцы бынатмæ. Тæрхон ахаста дыууæ сахаты бæрц, уый фæстæ кæй æрцауыгътой æмæ йæхи чи амардта, уыцы  Геринг, уыдоны мæрдтæ аластой мюнхенаг крематоримæ æмæ сын дыууæ суткæйы фæстæ се ’ртхутæг ныккалдтой цæугæдон Изары.

Дунеон уголовон барадтæрхон Нюрнбергы тæрхоны хъуыддагæн цы ахадгæ бындур сæвæрдта, уымæн æмбал нæй. Фæстаг азты Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгты Советон Цæдис бирæ амæттаг бæллæхтæ бавзаргæйæ, дуне нацизмы бæллæхтæй кæй фервæзын кодта, уым Советон Цæдисы удуæлдай архайд фæныллæгдæр, фæкъаддæр кæныныл чи архайы, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны.

Дуне æдзухдæр уыд æмæ баззайдзæн бирæполяронæй æмæ уым сæйраг архайджытæ чи сты, уыдон хъуамæ æмбарой сæ историон хæс æмæ бæрнондзинад.

80 азы размæ Нюрнбергы зал «600»-йы нацистон Германы артæндзарæг разамонджытæн цы тæрхон хаст æрцыд, уый зындгонд у æппæт дунейæн.

Нюрнбергы тæрхоны хъуыддаджы сæйраг урочы нысаниуæг ис уый мидæг, æмæ ныры цæрæг фæлтæртæн сæ зæрдыл лæууын кæны, æгас дунемæ æртхъирæн цы сау бæллæх кæны, милуангай адæймæгты хъысмæтæн уыцы тæрхоны уынаффæ куыд ахсджиаг у, уый.

Уыцы аххосгæнæг тæрхон бафидар кодта сабыр цæрæг адæмы ныхмæ террор æмæ ныббырст æнæ æфхæрдæй кæй никуы баззайдзысты, уый.

 

Хæбæлаты Фатимæ,
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон
университеты журналистикæйы
факультеты декан,
РЦИ-Аланийы ахуырады
сгуыхт кусæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here