РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Æппæтуæрæсеон хъазахъхъаг æхсæнады атаман, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Виталий Кузнецовимæ.
Рæгъмæ рахастæуыд паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ æмæ хъазахъхъаг æхсæнадты æмгуыстады фарстатæ, хъазахъхъы архайд фæсивæды пат-
риотон хъомылады æмæ æхсæндон фæтк хъахъхъæныны нысантæ. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъазахъхъаг у сæрбæрзонд, Фыдыбæстæйыл æнувыд.
«Сæ æхсæнадон сæрæн архайдæн сын мах аргъ кæнæм, уæдæ, фæсивæдимæ цы патриотон куыст кæнынц, уый дæр уынæм. Ныртæккæ республикæйы скъолаты ис хъазахъхъаг ахастимæ фондз кадетон къласы. Рæзгæ фæлтæры уым ахуыр кæнынц хъазахъхъы историон хæзнатæ, традицитæ, бæрнондзинад æмæ Уæрæсе уарзыныл», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Уæлдай æргом аздæхтой сæрмагонд æфсæддон операцийы хъазахъхъы архайдмæ. Виталий Кузнецов куыд радзырдта, афтæмæй хъазахъхъы фæсивæд уым æвдисынц лæгдзинад, хъæбатырдзинад. Нæ бæстæйыл æнувыд кæй сты, уый алы хатт дæр равдисынц. Кусæг фембæлды рæстæг рахастæуыд, 2026 азы 9 майы Уæлахизы парады хъазахъхъ дæр кæй архайдзысты, ахæм фæндон. Ныхас ма бацахста адæмты иудзинады æууæлтæ фидар кæныны, сабырдзинад æмæ разыдзинадæн фадæттæ аразыны нысантæ.
Æрæджы Виталий Кузнецов цы ахсджиаг фæндон бахаста, 2026 аз Уæрæсейы Адæмты иудзинады азыл банымайыны тыххæй, ууыл сразы нæ бæстæйы Президент Владимир Путин. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы хъæппæрисæн йæ ахадындзинад у бæрзонд, æхсæнад æрбаиу уыдзысты, хæлардзинад æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны традицитæ фидардæр кæндзысты.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














