Царды æнæниздзинадæй хуыздæр ницы ис, фæлæ иугæр фæцудыдта адæймаг, уæд йæ фарсмæ хъуамæ исчи балæууа. Не ’хсæн ис ахæм адæм, æрдзæй, кæнæ æндæр уавæртæм гæсгæ цæстæй чи нæ уыны. Нæ уыны боны рухс, фæлæ йæ миддуне у фидар, йæ къухтæ не ’руагъта, у цардбæллон æмæ ныфсджын. Куырмыты æппæтуæрæсеон æхсæнадыл сæххæст 100 азы.
Æхсæнады Цæгат Ирыстоны регионалон хайад кадджын уавæры сбæрæг кодта 100 азы юбилей. Æмбырдмæ æрбахуыдтой кадджын уазджыты, æхсæнады уæнгты. Бæрæгбонхуыз уыдысты иууылдæр.
– Сæдæ азмæ Куырмыты æппæтуæрсеон æхсæнад паддзахады æххуысæй бирæ хæрзты бацыд инвалидты социалон æмæ фæллойадон реабилитацийы хъуыддаджы. Афтæмæй æхсæнад сарæзта 160 ахуырадон куыстуаты, 20 мин адæймаджы бæрц дзы райстой дæсныйæдтæ. Æхсæнады уæнгтæн сарæзтой æртæ санаторийы, ахуыргонд куыйты скъола, культурæйы хæдзæрттæ, культурон-спортивон реабилитацион центртæ æмæ æндæртæ. Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы ис сæрмагонд библиотекæ æмæ цæстыты клиникæ, – загъта йæ разныхасы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады сæрдар Гæтциты Батрадз.
Куыд фехъусын кодта, афтæмæй 1975 азы Куырмыты æппæтуæрæсеон æхсæнадæн паддзахад саккаг кодта Фæллойы Сырх Тырысайы орден. Абон дæр, æхсæнад, йæ сæргъы Владимир Синкин, афтæмæй алывæрсыг æххуыс кæны цæстæй инвалидтæн. Нæ республикæйы дæр сын алы æмбæлгæ æнцонвадат уавæртæ кæнынц. Хицауады æххуысæй цалцæггæнæн куыстытæ ацыдысты клубы, æмдзæрæны, культурон æмæ спортивон мадзалтæ саразынæн уыдис æхцайæ æххуыс. Уæдæ алы районы дæр лæвар рахицæн кодтой бæстыхæйттæ офистæн.
Регионалон хайады сæрдар зæрдиаг бузныг загъта æппæт министрадтæ æмæ ведомствæтæн, уæлдайдæр – Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадæн, Уæрæсейы Социалон фондæн, медицинон-социалон экспертизæйы сæйраг бюройæн. Уыцы номхыгъды сæ хæрзаудæн архайды тыххæй загътой офтальмологон центры сæйраг дохтыр, Парламенты депутат Дзгойты Иринæйы, парти ЛДПР-ы минæвар Бестауты Сосланы, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы, куыстуат «Кавдоломит»-ы хицау Æгъуызарты Русланы, хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы сæрдар Хъуысаты Амырханы æмæ бирæ æндæрты.
Гæтциты Батрадзæн, бирæ азты иузæрдион куысты тыххæй, Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайады хицау Милдзыхты Асланы номæй раттой арфæйы фыстæг.
Къорд адæймагæн, Куырмыты æппæтуæрæсеон æхсæнадон царды активонæй архайд æмæ алывæрсыг æххуысы тыххæй раттой риуылдаргæ нысан «Почетный член ВОС».
Æмбырды архайджытæй алкæмæн дæр фадат уыдис йæ хъуыдытæ, йæ мысинæгтæ радзурынæн.
Афганистаны хæсты архайæг Сергей Харченко йæ зæрдæмæхъаргæ раныхасы загъта, 30-аздзыдæй, йæ æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, уæззау цæф кæй фæцис. Æрыгон нæлгоймаг бынтон бакуырм. Ныр отставкæйы майор 40 азы у Куырмыты æхсæнады уæнг, ис ын хорз бинонтæ. Сергейæн йæ дыууæ фырты дæр сты æфсæддонтæ.
Бузныг зæгъы, ацы дзæбæх бæрæгбон чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Æмбырды архайджыты зæрдæтæ сæ рæсугъд аивадæй бахъæлдзæг кодтой хихъæппæрисадон къордты артисттæ.
Æмбырд амыдта республикæйы куырмыты сæрмагонд чиныгдоны сæйраг библиотекарь Козаты Тамарæ.
ГУГКАТЫ Жаннæ,
къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА














