РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис профилон ведомствæты разамонджытимæ цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад цы нысанмæарæзт программæтыл кусы, уыдоныл.
Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой бирæ ахсджиаг фарстатыл: коммуналон инфраструктурæйы объектты модернизацийыл, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты фæлгонцадыл, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ивыныл, федералон конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон цæрæн бынæттæ»-йы архайыныл, æндæр хъуыддæгтыл.
Амынд фарстаты фæдыл доклад скодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Уый бæстон æрлæууыд æххæстгонд куыстытыл, стæй фæбæрæг кодта дарддæры архайды фыццаградон нысантæ.
Министр куыд загъта, афтæмæй горæт Алагиры кæронмæ ахæццæ донуадзæн хызæджы цалцæг, ахæм куыстытæ бакодтой Æрæфы районы Къæмунты хъæуы дæр. Уыимæ, донуадзæнты рацарæзт дарддæр æххæстгонд цæуы Алагиры, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты.
Программæ «Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылайы арæзтад»-ы уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дзургæйæ, министр фехъусын кодта: бындурон цалцæджы пълантæм хаст 40 æхсæнадон бынатæй 37 объектыл ныридæгæн ахицæн сты фæлгонцадон куыстытæ.
Республикæ къæпхæнгай æххæст кæны адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ивыны пълантæ дæр. Амынд программæйы фыццаг къæпхæн регион ахицæн кодта 2023 азы – уыцы æмгъуыдмæ ног цæрæнуæттæм ивд æрцыдысты 1,5 мин адæймаджы бæрц. Ныр та архайд цæуы программæйы дыккъаг къæпхæныл (уый æххæстгонд цæудзæн 2030 азы онг). Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй уыцы æмгъуыдмæ ног цæрæнуæттæ райсдзысты 124 бирæфатерон хæдзары цæрджытæ.
Министры докладæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй амынд программæтæ республикæйæн уæлдай ахсджиаг сты, комкоммæ ахадынц адæмы æрвылбоны цардыл. «Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй æппæт паддзахадон программæтæ æмæ регионалон проектты уагæвæрдтæ дæр афойнадыл æххæстгонд цæуынц. Азы кæронмæ ма цы рæстæг баззад, уымæй дæр хъæуы хæдзардзинæй спайда кæнын, цæмæй æппæт пъланон нысантæ дæр къухы бафтой», – бацамыдта Хицауады Сæрдар.
СЛАНТЫ Аслан














