Цæстдарæн мадзæлттæ сты фæкарздæргæнинаг

0
59

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

«Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ  информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Документы ныхас цæуы, бындурон иумæйагахуырадон программæттæм гæсгæ чи ахуыр кæны, уыдонæн сæ ахуырады уагæвæрд фæбæлвырддæр кæныныл. Закъонæвæрынадон хъæппæрис куыддæр фидаргонд æрцæуа, афтæ скъола-
дзауты раивдзысты къуыри фондз боны ахуыр кæныны фæткмæ, уыимæ, уроктæн райсомы фараст сахатæй раздæр райдайыны бар нал уыдзæн. Закъоны проекты нысан у скъоладзауты æнæниздзинад бахъахъхъæнын æмæ, скъолайы сыл абон цы уаргъ æвæрд цæуы, уый фæрогдæр кæнын.

Федералон проект «Горæтаг æнцонвадат тыгъдад» Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Куыд загъта, афтæмæй, амынд проект æххæст кæнгæйæ, 2017-2018 азты республикæйы аивгонд æрцыд 26 æхсæнадон бынаты æмæ 157 хæдзарон кæрты, 2019-2024 азты – 225 æхсæнадон бынаты æмæ 424 хæдзарон кæрты. Ацы аз аивгонд хъуамæ æрцыдаид 40 æхсæнадон бынаты æмæ дзы ныридæгæн 37 сты цæттæ, стæй дыууæ хæдзарон кæрты, сæ иу у цæттæ.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатæ æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги.

Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, депутаттæ Едзойты Марат æмæ Черчесты Асланмæ цы фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд, уыдон баст уыдысты, аив кæныны куыстытæм æнхъæлмæ чи кæсы, уыцы хæдзарон кæртыты нымæц республикæйы нырмæ æгæр бирæ – 1  800 кæй у, Терчы былгæрæттæ аив кæныны куыстытæ иуæй-иу ран къуыхцытимæ кæй цæуынц æмæ æндæр фарстатимæ.

Депутаттæ байхъуыстой, «Социалон къабазы паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны тыххæй 2024 азы æмæ ацы азы ивгъуыд рæстæгмæ хардзгонд фæрæзтæ сбæрæг кæнын»-ы Экспертон-аналитикон мадзæлтты тыххæй» РЦИ-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнина-
джы тыххæй» Парламенты Советы уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уыцы фарстамæ. Амынд мадзæлтты фæрцы социалон къабазы – медицинæйы, ахуырады, культурæйы иуæй-иу кусæндæтты цы халæн цаутæ рабæрæг æмæ, Парламенты уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ, иуварсгонд куыд æрцыдысты, уый фæдыл ныхас кодтой республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Митциты Астан, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ, ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Мæхъиты Людмилæ, культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, Цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæджы хæдивæг Бекъойты Хъазыбег, Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Реуазты Ларисæ æмæ Еленæ Князева. Паддзахадон æлхæнинæгтæ арæзт хъуамæ цæуой нормативон-барадон актты бындурыл, контракттæ аразыны хъуыддаг хъуамæ уа æргом æмæ æнæзæрдæхсайгæ, сæ архайджытæн та ерысы бындурыл хъуамæ уа æмхуызон бартæ – ахæм уыд æппæт раныхæстæн сæ хъуыды. Тускъаты Таймураз бафиппайдта, ведомствæты мидæг цæстдарæн мадзæлттæ фæкарздæргæнинаг кæй сты, уый.

Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цы закъонты проекттыл цыд, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Остъаты Георги, Качараты Олег, Киситы Мурат, стæй хъалонты, бюджеты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.

Закъонæвæрынадон архайдмæ стыр бавæрæн кæй хæссынц, уый фæдыл, стæй республикæйы Парламенты 30 азы юбилейы кадæн депутатты къордæн – Æгъуызарты Руслан, Битарты Алик, Остъаты Георги, Реуазты Ларисæ, Цæгæраты Руслан æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурæн Тускъаты Таймураз ратта РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæттытæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here