Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодта, республикæйы цæрæг дыууæ сылгоймаджы ныхмæ цы уголовон хъуыддаг сарæзтæуыд, уый фæдыл.
Гуырысхойаг сылгоймæгты азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 159-æм статьяйы 4-æм хайы («Цæстфæливæн митæ саразгæйæ, кæйдæр исбонады стыр бæрцытæ адавын») бындурыл.
Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй сылгоймæгтæ уыдысты кредитон организациты минæвæрттæ, куыстой дзæуджыхъæуккаг автосалонты. Уыимæ, сæ архайды æххæстбартæ уыдысты рагагъоммæ бæлвырдгонд, кредитон организациты клиенттæй æхца исыны куыст уыдоны бæрны нæ уыд. Фæлæ сылгоймæгтæ, сæ куысты бынатæй пайда кæнгæйæ, мæнг зæрдæдарæнтæ лæвæрдтой, кредитон бадзырдтæ чи бафыста, уыцы адæмæн. Ома, сын баххуыс кæндзысты сæ кредиттæй рагацау æнæ уæлдай фиддонтæй фервæзыны хъуыддаджы. Уыимæ, æрмæстдæр хъæуы хæсы æхца кредитон организацимæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæн сæхимæ къухæй-къухмæ раттын.
Ахæм ныхæстыл баууæндгæйæ, бирæтæ се ‘хцатæ «хæрзгæнджыты» къухты бакодтой.
Афтæмæй сылгоймæгтæ баисты 79 милуан сомы хицау (ахæм архайдæй хъыгдард баййæфтой 82 адæймаджы). Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырысхойæгтæ æхца хардз кодтой сæхи фæндонмæ гæсгæ.
Амынд цауты фæдыл слестгæнæн мадзæлтты фæлгæты хъыгдардбаййафæг адæм тæрхондонмæ курдиæттæ балæвæрдтой, цæмæй сын сæ æхцайы зиантæ баххæст кæной гуырысхойæгты хардзæй. Уыимæ, слестгæнæн оргæнты уынаффæйæ гуырысхойæгты исбонад ахст æрцыд.
Амынд цауты фæдыл æппæт слестгæнæн мадзæлттæн аргъ скæнгæйæ, Прокуратурæ уголовон хъуыддаг зылынгæнæн хатдзæгимæ æркæсынмæ барвыста Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондонмæ.
Зæгъын хъæуы, ахæм уголовон фыдракæнды тыххæй аххосджынтæн 10 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссæн кæй ис, уый дæр.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














