Хи аирхæфсынæн – хорз мадзæлттæ

0
125

Ацы фæлладуадзæн бонтæ – сабат æмæ хуыцаубоны дæр та Ирыстоны спортуарзджытæн уыдзæн сæхи аирхæфсыны хорз мадзæлттæ.

Уæззау атлетикæмæ æмхиц чи у, уыдонæн фадат уыдзæн нæ æрыгон æмæ фæсивæдон кары уæвæг штангистты ерыстæм Дигорайы, Фадзайты Арсены номыл спортивон галуаны чи цæуы, уыцы ерыстæм бакæсынæн. Дигорайы бæрæггонд цæуынц, 14-17 æмæ 18-20-аздзыд чызджытæ æмæ лæппуты ’хсæн РЦИ-Аланийы 1-аг бынæттæ чи бацахсдзæн, уыдоны нæмттæ.

Ерыстæ райдыдтой знон æмæ хъуамæ фæуой абон изæрæй. Æдæппæтæй ацы цымыдисаг ерысты арха-йынц 95 спортсмены. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ дзы чи равдиса, уыдон нæ рес-публикæйы номæй архай-дзысты регионалон æмæ æппæтуæрæсеон ерысты.

 

Самбо Райсом, 16 ноябры, Дзæуджыхъæуы, Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы самбойæ цæудзысты РЦИ-Аланийы 1-аг бынат бацахсыныл гом ерыстæ æрыгон (15-16 аздзыд) лæппутæ æмæ чызджыты ’хсæн.

Ерыстæ аразæг сты РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрад, нæ республикæйы Самбойы федераци æмæ цæуынц паддзахадон программæ «Уæрæсейы спорт»-ы фæлгæты.

Ирыстойнаг æрыгон самбисттæй уæлдай, ерысты архайдзысты Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ.

Самбисттæ ерыс кæн-дзысты дæсгай уæзты, куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here