Æххæст зонындзинæдтæ дæттынц

0
115

Царды авналæнтæм акæсгæйæ, бирæ фæзилæнтæй адæймаг баззайы разыйæ. Ахуыргæнæг нæ дæн, фæлæ мæ фæфæнды, зонындзинæдтæ кæм дæттынц, уый уавæр фенын. Нæ хъæуы скъолайы директор Дзиуаты Беллæимæ фембæлдтæн.

Кæд дæргъвæтин рæстæг цалцæггонд не ’рцыдис, уæддæр абон цæхæртæ калгæ у йæ бæстыхай, кълæстæ æмæ кабинеттæ – нырыккон компьютерон фæрæзтæй æххæст, тыргътæ дæр фæлгонцгонд. Бæрæг ран – Советон Цæдисы хъайтартæ Плиты Иссæ æмæ Моргуаты Бекызæйы хуызистытæ.

Дзиуаты Беллæ ацы скъолайы разамонæгæй дæргъвæтин рæстæг кусы. Куыд мын бамбарын кодта хайады директор, афтæмæй скъола йæ хуыз скалдта районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барисы архайды фæрцы. Беллæмæ ис хорз миниу-
джытæ, стыр æргом здахы царды уагæвæрдмæ, уæдæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытимæ иумæйаг æвзаг ссардта, ныййарджыты комитеты уæнгтимæ кæрæдзи хорз зонынц, æмбарынц. Уый фæрцы иу адæймаджы хуызæн арфæйаг хъуыддагмæ æмвæнд-æмзондæй æвналынц.

Уый дæр у Дзионы сфæлдыстадон архайды сæйраг бæрæггæнæн, хæлар ахаст-
дзинæдтæ, уæздан ныхас, фæлмæн арфæ нымайы хъомылады куысты рахæцæнтæй иуыл. Ацы скъолайæ чи рацыдис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр сæ царды фæндæгтæ æнтыстджын рауадысты, зæгъæм, Бæрæгъуынты Тамерлан, дæргъвæтин рæстæг фæкуыста бæрнон бынаты Мæскуыйы. Рацыд пенсийы æмæ æхсæнадон куыст кæны Мæскуыйы ветеранты советы уæнгæй. Милдзыхты Мурат æфсæддон училищæ каст фæцис, ис æм дохтыры дæсныйад æмæ зæрдиагæй архайы Мæскуыйы æфсæддон госпитæлы. Нæ фæсивæдæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонæн се ’нæниздзинадыл архайын нымайы ахсджиаг хæсыл.

Нæ фембæлды рæстæг ма Дзиуаты Беллæйы бафарстон фæллойы урокты ахадындзинады тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй фæллойы урокты архайд ахадгæ у, уымæн æмæ рæзгæ фæлтæр зыдтой хæдзары æмæ быдырон куыстытæ. Уæрæсейы Президент Владимир Путин стыр æргом здахы ахуырады фарстатæм, фæллойы ахадындзинадмæ.

Скъоладзаутæ райдзаст кълæсты бадынц, хæрзад хæринаг сын фаг, ахуыр кæнынæн сын ис бирæ фадæттæ, фæлæ иуæй-иутæ кæсынц куыдфæндыйы цæс-
тæй. Скъолайы хайады директор та  ахуыргæнджытæй домы, цæмæй фæстæзад ахуырдзаутæн уæлæмхасæн уроктæ кæной, раззагдæрты æмрæнхъмæ сæ рахоной. Астæуккаг скъоламæ бацæуынц хæрздзæттæйæ. Скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг Хотаты Ульянæ куыд зæгъы, афтæмæй се ’гъдау æмæ зонын-
дзинæдтæй разы сты. Хайады ахуыргæнджытæ иууылдæр куыстхъом сты. Иттæг хорз зонынц сæ предметтæ, сæйрагдæрыл нымайынц ахуыргæнинæгтæн фидар зонындзинæдтæ дæттын.

Ацы скъолайы ис кадетон кълас дæр. Разамынд ын дæтты фæлтæрдджын
ахуыргæнæг Хотаты Таймураз. Кадеттæ фæархайынц æркастыты, куыд респуб-
ликæйы, афтæ Уæрæсейы дæр бацахсынц раззагдæр бынæттæ. Нæ ныхасы кæрон ма хайады директоры бафарстон, Мæздæджы районы скъолаты ныййарджыты патрултæ кæй фæзынд, уымæй.

Йæ дзуапмæ гæсгæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты ахастдзинæдтæ фæпарахатдæр уыдзысты. Уый дæр хорзæрдæм сахаддзæн ахуырадыл. Ныртæккæ æмхуызонæй лæууæм зымæджы къæсæрыл, Кировы районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барисы архайды фæрцы авд хъæуы скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвда-
уæндæттæ  зымæгон уавæртæм цæттæ сты. Уый та у стыр арфæйаг хъуыддаг.

 

Богазты Арсæмæг,
Ирыстоны кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here