Куыстæн фидар бындур

0
120

Федералон проект «Фермеры скъола»-йы архайджытæн фидар æмæ бæлвырд зонындзинæдтæ дæттынц Хæххон паддзахадон аграрон университеты специалисттæ.

Сæлбиты Алинæйы цардæмбалы фыд дардта дуцгæ хъуццыты стыр фермæ, уыдис дзы æртæ сæдæ сæры бæрц. Фæлæ сыл иуахæмы низ бахæцыд, дæсны фосы дохтыр ссарынæн та фадат нæ фæцис, æмæ хъуццытæ дзидзайæн аивгъуыдтой. Уæдмæ Алинæ фехъуыста проект «Фермеры скъола»-йы тыххæй, æмæ йæ цардæмбалимæ сфæнд кодтой «романовский» мыггаджы фыстæ дарын. Ныртæккæ сæм ис иуæндæс фысы. Цот тагъд уадзынц уыдон: иу фысæй – дыууæ-цыппар уæрыччы. Сæ дзидза дæр у хæрзад. Æрыгон фермерты зæрды ис сæ бизнес сæхи хъарутæ æмæ гæнæнтæй аразын, уымæй уæлдай ма курдиат балæвæрдтой «Агростартап»-мæ дæр. Нысан кæнынц 2-3 азмæ сæ фысты нымæц 1200 сæрмæ схæццæ кæнын.

Сергей Авагимов уыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, уым фæцæф, сыздæхт сæхимæ. Загътой йын, цæмæй йæхи бафæлвара «Фермеры скъола»-йы программæйы. Фæнды йæ зæххы куысты хъæрм-уаты бизнесы къабазы архайын. Йæ зæрдæ дары субсидитæ æмæ гранттыл дæр. Саддзæн пъамидортæ, джитъритæ, цъæх хъацæнтæ. Фæстæдæр та, чи зоны, йæ хъарутæ бавзардзæн программæ «Агротуризм»-ы дæр.

Сергей йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй суанг сывæллоны бонтæй фæстæмæ дæр йæ зондахаст уыцы къабæзты ’рдæм здæхт уыди, цымыдисаг ын уыдысты. Ныртæккæ хаццоны райсынмæ хъавы зæххы гæбаз Джызæлы. Зæгъы, кæд хъуыддаг фæрæстмæ уа, уæд, чи зоны, байгом кæна хæдзарон тæрхъустæ, сæгътæ æмæ æндæр цæрæгойтимæ зоопарк туристтæн.

«Фермеры скъола»-йы ахуыртæ вæййынц 2,5 мæйы дæргъы. Уыцы æмгъуыды рæстæг сын аграрон универитеты ахуыргæнджытæ цы практикон æмæ теоретикон зонын-дзинæдтæ раттынц, уыдоны фæрцы райдайы кусын алчидæр йæ равзæрст къабазы.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here