Ахуыргæнджытæ æмæ студентты æмархайд

0
109

Абон æппæт дунейæн, сæрмагондæй та – нæ бæстæйæн, экологи бахъахъхъæныны фарстатæ раззагдæр бынатмæ рахызтысты. Уæрæсе, дунейы стырдæр бæстæтæй иу уæвгæйæ, хатгай æмбæлы ахсджиаг экологон тыхстдзинæдтыл, уыдон домынц æвæстиат æмæ ахадгæ мадзæлттæ.

2024 азы цыппурсы мæй Сау денджызы былгæрон, Хъырым æмæ Краснодармæ æввахс денджызы нефты æвзарæнтимæ (мазутимæ) танкер фехæлд æмæ экологийы чъизи-
дзинадмæ расайдта. Нæ бæстæйы ахуыргæндтæ сфæнд кодтой ацы тыхст-
дзинад аиуварс кæнын æмæ уый тыххæй æрхъуыды кодтой алыхуызон мадзæлттæ.

Уыцы хъуыддагыл архайдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет  (ЦИПУ), йæ сæргълæууæг – экономикон зонæдты доктор, профессор  Огъуаты Аланимæ. Нæ университеты физиктæ, сæрмагондæй конденсацигонд материйы кафедрæйы сæргълæууæг, физикон-математикон зонæдты доктор Магкоты Тамерлан, фæндон бахастой, нефты æвзарæнтæ тагъддæр батайын кæныны тыххæй. Цæмæй уыцы нысан къухы бафта, уый тыххæй ЦИПУ-йы ахуыргæндтæ спайда кодтой сæрмагонд гетерогенон катализаторæй.

Нæ ахуыргæндтæ ацы сконды руаджы пластик дæр пырх кæнынц. Куыд зонæм, афтæмæй уый у ахсджиаг хабар. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы фæрæз зианхæссæг æппарæццæгтæ  атмосферæмæ сисы æмæ æххуыс кæны æрдзы æппæрццæгты  æндæвдад фæкъаддæр кæнынæн. Нæ университет райста патент ацы ног авналæнты тыххæй, мега-грант райсыны фæстæ 2022 азы бавнæлдтой иртасынмæ. Ацы ран æрбаиу сты ахуыргæндтæ фæсарæйнаг паддзахæдтæй дæр: Германæй, Америкæйæ æмæ Японийæ.

Зæгъын ма мæ фæнды уый, æмæ нæ университеты физиктæ,  Дубнайы цы «коллайдер NICA» арæзт цæуы, уымæн уæззау ионтæ æмæ элементарон æрдзон æвæрæнтæ рабæрæг кæныны фæрæз аразынц, ома, акселераторы комплексæн. Уый арæзт æрцыд Ядерон иртасынæдты иумæйаг институты бындурыл.

ЦИПУ-йы физикон факультеты студенттæ Геннадий Кулухадзе  æмæ Кучиты Ян архайдтой 15-æм æппæтуæрæсеон иртасæн конкурсы. Уый  конд æрцыд зынгæ советон физик Дедегкаты Тазареты премийы номыл, уым нæ студенттæ фыццаг хатт сæ куыст равдыстой æмæ систы уæлахиздзаутæ.. Бафиппайæм уый дæр, æмæ  конкурсы архайæг  студенттæ Уæрæсейы алы университеттæй кæй уыдысты, уый.

ЦИПУ-йы раздæры студент Гæззаты Алан дæр архайдта  æвзаджы модель саразыны конкурсы, уый тыххæй райста национ преми «Приоритет цифра – 2025». Зæгъын хъæуы уый, æмæ  Гæззаты Аланы æвзаджы моделæй абон пайда кæнынц амалхъомады минæвæрттæ.

Нæ университеты ма сарæзтой «чат-бот», кусы англисаг, ирон, гуырдзиаг, уырыссаг æмæ туркаг æвзæгтыл. Уый хорз ахъаз у уæзласæн машинæты шофыртæн. Зæ-
гъæм, ацы службæйы руаджы машинæты егъау цæндæй хи бахизæн уы-
дзæн шофыртæн.

Нæ республикæйы ма æрæджы скодтой Дунеон зонадон конференци,
сбастой йæ нырыккон математикæйы рæзты сæйраг рахæцæнтимæ. Конференцийы архайджытæ систы  100 бæстæйæ фылдæр, се ’хсæн – Уæрæсе, Америкæ, Китай, Турк æмæ æндæр паддзахæдтæ.

Нæ ахуыргæндтæ, сæрмагондæй, ЦИПУ-йы математикæ æмæ компьютерты зонæдты факультеты сæргълæууæг, физикон-математикон зонæдты доктор, профессор Хъулаты Руслан æмæ иннæтæ сæхи равдыстой сæрæнæй. Зæгъæм, Хъулайы-фырт рæгъмæ рахаста математикон æгæрон авналæнты, æнцойгæнæн хидты æмæ арæзтадон къæдзæхты структурæты уагахаст ахуыр кæныны тыххæй хатдзæгтæ.

Милдзыхты Аэлитæ, ЦИПУ-йы ахуыргæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here