Рæсугъд уыд богæлтты архайд

0
72

Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы самбойæ цыдысты РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгон (2011-2013 азты гуырд) чызджытæ æмæ лæппуты ’хсæн. Арæзт æрцыдысты Æппæтуæрæсеон Самбойы боны кадæн, æмæ дзы архайдтой 168 спортсмены. РЦИ-Аланийы самбисттæй уæлдай, ерысты архайдтой Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæцæны республикæты æрыгон самбисттæ.

Ерыстæ гом кæныны мадзалы спортсментæ æмæ æппæт уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, РЦИ-Аланийы Самбойы федерацийы президент Фидараты Таймураз, РХИ-Аланийы самбойы иугонд командæйы сæйраг тренер Гаситы Петр, ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Илья Циклаури.

Фрайты Сослан кады грамотæйæ схорзæхджын кодта самбойы тренер Гобозты Сосланы. Арфæйы фыстæджытæ та ратта Хуссар Ирыстоны спортивон скъолайы ахуыргæнæг æмæ тренер Хъоцыты Тамерлан, самбойы тренер Хетæгкаты Аланæ æмæ Æрæфы районы Фадзайты Арсены номыл спортивон скъолайы тренер-ахуыргæнæг Козаты Хетæгæн.

РЦИ-Аланийы Самбойы федерацийы сæрмагонд лæвæрттæй хорзæхджын систы нæ республикæйы самбойы ветерантæ: Хъороты Владимир, Букылты Руслан, Виталий Залиев, Сихъоты Николай, Сихъоты Сослан, Чертхъоты Гурам, Дзуццаты Феликс. Ахæм лæвæрттæ ма лæвæрд æрцыдысты нæ республикæйы аст спортивон скъолайы директортæн.

Ерыстæ байгом кæныны размæ ма спорты мастеры æвдисæндар лæвæрд æрцыд Тедеты Маркæн, спорты мастермæ кандидаты æвдисæндар та райста Мæргъиты Марат. Æвзонг самбистты ерыстæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Хорз цæттæдзинад рав-
дыстой, куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр.

Чызджытæ нымæцæй кæд зынгæ къаддæр уыдысты, уæддæр се ’хсæн уыди къорд суинаг самбисткæйы. Уыдон равдыстой хорз техникон цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад.

Цы дæс уæзы цыдысты ерыстæ, уым 1-аг бынæттæ рамбылдтой: 34 кг – Джыккайты Виктория, 37 кг – Гутнаты Никæ, 40 кг – Къадзаты Мария, 43 кг – Кæркуысты Самирæ, 47 кг – Битарты Амандæ, 51 кг – Хæмæтхъуаты Алинæ, 55 кг – Хъоцыты Софиа, 59 кг – Гæбулты Алинæ, 65 кг – Дарчиты Жаннæ, 65 кг+ – Хуыбылты Алинæ. Ерыс-
тæм сæ бацæттæ кодтой тренертæ: Хуыгаты Юри, Хуыгаты Витали, Козаты Бимболат, Тедеты Феликс, Хуыбаты Уча, Багаты Марат, Александр Швецов, Дзукъаты Инал.

РЦИ-Аланийы самбойæ чызджыты иугонд командæйы хистæр тренер Хуыгаты Юри чызджыты архайдæй разыйæ баззад æмæ загъта: «Абон у самбойы бæрæгбон, æмæ нын нæ чызджытæ сæ архайдæй нæ зæрдæтæ барухс кодтой, равдыстой рæсугъд самбойæ хъæбысхæст. Цал æмæ цал зæрдæмæдзæугæ æппæрстытæ федтам сæ архайды! Фæстаг азты нæ чызджытимæ цы куыст цæуы, уый зыны сæ цæттæдзинадыл. Стыр бузныг зæгъæм нæ сæйраг тренер Гаситы Петр æмæ нæ республикæйы Самбойы федерацийы президент Фидараты Таймуразæн. Уыдон нæм сæ цæст хорз дарынц, æмæ уый зыны нæ чызджыты рæзтыл».

Ноджы цымыдисагдæр рауадысты лæппуты ерыстæ. Ирыстойнаг æвзонг самбисттимæ сæхи сæрæнæй равдыстой Кæсæг-Балхъары æмæ Цæцæны республикæты самбисттæ дæр.

Æппæты рогдæр уæзы, (35 кг) кæронбæттæны 1-аг бынат бацахсыныл фембæлдысты Дзгойты Зауырбег æмæ Кантемир Шогенцуков (КБР). Сæ ныхмæлæуды фæуæлахиз Шогенцуков. 38 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахсыныл кæронбæттæны тох кодтой Кæсæг-Балхъары горæт Баксаны спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ Кантемир Маргушев æмæ Тамир Каширгов. Сæ ныхмæлæуд ахицæн Кантемир Маргушевы пайдайæн.

Ирыстойнаг лæппутæй 42 кг онг уæзы хорз цæттæдзинад равдыста Козаты Руслан (йæ тренер – Козаты Андрей). Руслан æнæкъуылымпыйæ рацыд кæронбæттæнмæ æмæ уым фæуæлахиз баксайнаг лæппу Джамалдин Мурталовыл. Кæсæг-Балхъары самбисттæ ма 1-аг бынæттæ рамбылдтой: 46 кг – Тамир Ламкежев, 50 кг – Рамзан Ташуев æмæ 65 кг – Кантемир Цеев.

Ирыстойнаг лæппутæ  1-аг бынæттæм рацыдысты: 54 кг – Мæргъиты Марат, 59 кг – Касум Закрияев, 71 кг – Давид Горбатовский. 71 кг+ – Дриаты Сослан.

Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Илья Циклаури сæ ацыды тыххæй загъта: «Зæрдæмæ фæцыди, нæ кæстæртæ куыд зæрдиагæй тырныдтой самбойы рæсугъддзинад равдисынмæ, уый. Куыд нæхи Ирыстоны хъомылгæнинæгтæ, афтæ нæ сыхаг уазджытæ дæр равдыстой хорз цæттæдзинад, æмæ нæ уырны, куыд Цæгат Кавказы федералон зылд, афтæ Æппæтуæрæсеон ерысты дæр нæ лæппутæ æмæ чызджытæ, сæ карæнтимæ хæцгæйæ, сæхи сæрæнæй кæй равдисдзысты, уый. Мах бузныг стæм нæ сыхаг Кæсæг-Балхъары минæвæрттæй. Уыдон кæдфæнды дæр махимæ вæййынц æмзонд ацы хабæртты. Самбо у уындджын лæгæй-лæгмæ ерысты хуыз, æмæ, уыцы хъуыддаджы мах нæ налцыккаг сыхæгтимæ кæрæдзийы кæй æмбарæм, уый нæ дыууæтæн дæр у пайдайы хос. Мах стыр бузныг зæгъæм, ерыстæ саразынмæ нæ фарсмæ чи ‘рбалæууыд, уыдонæн се ’ппæтæн дæр».

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын систы майдантæ, кубоктæ, грамотæтæ æмæ дипломтæй.

 

Баскаты Уырызмæг,
къам систа
Татьянæ Шеходанова

 

 

 

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here