РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд UFC-йы бæрны лæгæй-лæгмæ тохты æмхæццæ хъæбысæйхæцæг Бекъойты Азæмæтимæ.
Уазæгæн æгасцуай зæгъгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Бекъойы-фырт у фыццаг ирыстойнаг спортсмен, UFC-йы æмвæзадмæ чи рахызт æмæ уым уæлахиздзау чи ссис, ахæм. Тохгæнæг йæхæдæг республикæйы разамонæгæн радзырдта йæ дарддæры нысантыл.
Ныртæккæ Бекъойты Азæмæт сæрæнæй йæ тыхтыл æфтауы, октагонмæ раздæхдзæн иннæ аз уалдзæджы. Иннæ лæгæй-лæгмæ тох, чи зоны, уыдзæн Абу-Дабийы, майы. Тохгæнæджы цур балæууыны нысанимæ Сергей Меняйло Бекъойы-фыртæн балæвар кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы сахат.
Куыд радзырдта, афтæмæй æнæхæрдæй уæлахизтæ дæр нæ вæййынц. «Нæ райгуырæн республикæйы дæуыл алчидæр мæт кæны, фæнды сæ дæ уæлахиз. Сæ зæрдæ дын зæгъы стыр æнтыстытæ, æз гуырысхо нæ кæнын, алцыдæр дын нывыл кæй уыдзæн, ууыл. Иу æмæ ма дыууæ хатты нæ фендзыстæм, нæ уарзон республикæйы кадыл куыд æфтауыс, уый. Æрмæст Цæгат Ирыстон нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсе дæр дунеон æмвæзадмæ исыс», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Бекъойты Азæмæт республикæйы разамонæгæн бузныг загъта, æппæт хъарутæй дæр кæй спайда кæндзæн чемпионы рон Ирыстонмæ æрласыны тыххæй.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














