«Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»: колледжты бындурон цалцæгæн

0
94

Цæгат Ирыстоны астæуккаг профессион ахуырады кусæндæтты бындурон цалцæгæн хæстæгдæр азты федералон бюджетæй дихгонд æрцæудзæн 600 милуан сомы бæрц.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыцы фæрæзтæй рацараздзысты, колледжтæн куыд сæ ахуырадон бæстыхæйттæ, афтæ æмдзæрæнтæ дæр. Уымæй уæлдай, федералон фæрæзты иу хай хардзгонд æрцæудзæн бындурон цалцæггонд колледжтæ хъæугæ хæдзарыдзаума æмæ ахуырадон кусæнгæрзтæй сифтонг кæныныл.

Уыцы пълантыл дзургæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фæбæрæг кодта: «Республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ бæрнонæй архайынц, цæмæй регионы ахуырады кусæндæтты рацарæзт нысантæ хыгъд цæуой фæдералон программæты. Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг цалдæр азы дæргъы регионы бындурон цалцæггонд цæуынц астæуккаг скъолатæ. Ныр та бавнæлдтам рæвдауæндæттæ æмæ колледжты рацарæзтмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, модернизацийы программæтæ хорзæрдæм сахаддзысты, куыд ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджыты, афтæ рæзгæ фæлтæры зæрдæйы равгыл дæр».

Колледжты бындурон цалцæг æххæстгонд цæудзæн сæрмагонд программæ «Профессионалитет»-ы фæлгæты (у национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы дæлхайад.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here