Майдан «Ирыстоны намысæн» – æфсæддон службæгæнджытæн

0
44

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указæй майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджын æрцыдысты 68889-æм æфсæддон хайы службæгæнджытæ.

Æфсæддонтæ сæ хæрзиуджытæ райстой, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгимæ сын цы сæрмагонд фембæлд уыд, уым.

Республикæйы паддзахадон хæрзиуæг саккаг кодтой Алексей Щерба-
йæн, Уалыты Ритæ æмæ Лидия Шабановайæн. Указы куыд загъд ис, афтæмæй амынд службæгæнджытæн майдан лæвæрд цæуы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, хъæбатырдзинад æмæ хæстон дæсныдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй.

Цæгат Ирыстоны разамонæг æфсæддонтæн арфæ ракодта, зæрдæбын ныхас акодта семæ сæ службæ æмæ æрвылбоны царды тыххæй.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here