Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ æмæ иннæ специалисттæн ахуырадон семинарты регионалон проект.
Амынд проекты фæлгæты радон фембæлд сарæзтой РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты фæзуаты.
Фæсивæды галуанмæ æрбамбырд сты алы республикон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Уыдонæй алкæмæндæр фадат уыд йæ
куысты фæлтæрддзинадæй æмбырды архайджытæн фæхай кæнынæн, тыхстаг фарстатæ рæгъмæ рахæссын æмæ сæ алыг кæныныл иумæйаг уынаффæйæ бацархайынæн.
Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан сарæзта презентаци ведомствæйы архайды тыххæй, уыимæ, сæрмагонд æргом аздæхта, фыццаградон национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы уаг-
æвæрдтыл ведомствæ куыд кусы, уымæ. Æмбырды архайджыты раз докладтимæ раныхас кодтой комитеты иннæ минæвæрттæ дæр…
Ахæм фембæлдтыты фæрцы хицаудзинады оргæнты минæвæртты ’хсæн æмархайд, æнæмæнг, æнгомдæр кæны, разамонджытæ æмæ иннæ специалистты профессион дæсныдзинадыл дæр хорзæрдæм ахадынц ахæм семинартæ.
Ахуырадон проект «Управленческие практики органов исполнительной власти» æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæйæ, комкоммæ цæстдарæг та йæм у РЦИ-Аланийы Сæргъ-лæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.
Нæ уацхæссæг














