Боны фæткы – Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзт

0
94

Уыд УФ-йы Федерацийы Советы федеративон сконды, регионалон политикæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады фарстаты фæдыл комитеты æмбырд. Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис æмæ профилон республикон ведомствæты разамонджытæ.

Федеративон сконды, регионалон политикæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады фарстаты фæдыл комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Владимир Городецкийы разамындæй æмбырды архайджытæ æрдзырдтой, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дарддæры социалон-экономикон райрæзты нысанимæ Федерацийы Совет 2024 азы октябры цы сæрмагонд уынаффæ сфидар кодта, уый уагæвæрдтæ æххæст кæныныл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы парламенты уæллаг палатæ уæд йæ уынаффæмæ бахаста республикæйы социалон инфраструктурæйы ахсджиагдæр объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæгимæ баст фарстатæ.

Дзанайты Барис йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Федерацийы Советы уынаффæйы уагæвæрдтæй 12 ныридæгæн æххæстгонд цæуынц, иннæтæ дæр царды рауадзыныл къæпхæнгай архайд цæуы (æдæппæт сты 35 пункты). Æмæ æппæт хъуыддæгты дæр ис федералон центры рæдау æххуыс.

Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, уынаффæмæ хаст объекттæй иу у дунеон культурон-патриотон центр «Беслæны 1-æм скъола». Ацы аз уым байгом ном-
арæн экспозицийы фыццаг хай. Уыимæ, центры экспозицийы дыккаг хайыл куыст адарддæр уыдзæн 2026 азы.

Хохы Санибайæ – Хъæрмæдонмæ, Джызæлæй – Хъæрмæдонмæ – Дæргъæвсмæ – Дзуарыхъæумæ, стæй Æрхонкæйы станицæйы иувæрсты фæндæгты арæзтад, курорт «Цъæй»-мæ бацæуæнты бындурон цалцæг, Мæздæджы районы Терчы сæрты ног хиды арæзтад, Дзæуджыхъæуы, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты дон-
уадзæн хæтæлты модернизаци, Дзуарыхъæумæ ’ввахс Фыййагдоны былгæрæттæ фæфидардæр кæныны куыстытæ, глэмпингтæ æмæ фæллад уадзыны æндæр объекттæ аразыны проекттæ… Ацы æмæ иннæ вазыгджын хъуыддæгтыл
бæстон архайд цæуы.

– Федерацийы Советы уынаффæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныныл куыст Цæгат Ирыстонæн уæлдай ахсджиаг у, уымæн æмæ комкоммæ ахады социалон къабазы нывыладыл, адæмы æрвылбоны царды фæрныгадыл. Документмæ цы объекттæ хаст æрцыд, уыдоны арæзтад æмæ бындурон цалцæгимæ баст æппæт проектон-сметон гæххæттытæ афойнадыл æрвыст æрцыдысты профилон федералон ведомствæтæм. Иумæйаг хъарутæй архайæм амынд проекттæ æххæст кæныныл, – бафиппайдта Дзанайты Барис.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here