Хъайтарты бинонтимæ фембæлд

0
113

Мады боны кадæн Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав арфæ ракодта, терроризмы ныхмæ быцæуты чи фæмард, уыцы хæстонты мадæлтæн.

– Райгуырæн бæстæ дæр мадау иунæг у афицерæн дæр æмæ салдатæн дæр. Сымах æххуыс æмæ уæлкурдиат та сын тых дæттынц хæсты быдыры. Ирыстоны фырттæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдоны сæрты ахизынæн хъуыдис уды фидардзинад æмæ хъару. Уæ хъæбултæ тохы быдыры цы æхсар æмæ лæгдзинад бавдыстой, сæ хæс æххæст кæнгæйæ, уым ис сымах стыр бавæрæн. Арфæ уын кæнын, нæ бæстæйæн аккаг хъæбултæ, æцæг патриоттæ, намысджын æфсæддонтæ кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй. Уæлдай бузныг зæгъын Фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар, Уæрæсейы Хъæбатыры мад Татьянæ Днепровскаяйæн. Уый бирæ азты дæргъы егъау куыст кæны, æппæт фæмардуæвæг хъайтарты бинонты дæр зоны, семæ арæх фембæлы, йæ бон куыд у, афтæ сын æххуыс кæны. Татьянæ архайы æдзард хæстонты нæмттæ сæнусон кæныныл, æмæ йын уыцы хъуыддаджы æнтысгæ дæр кæны. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын, – мадæлтæн ахæм арфæйы ныхæстæ загъта Милдзыхты Вячеслав.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæй терроры ныхмæ операциты æдæппæтæй архайдта 1500 адæймаджы, уыдонæй 141 фæмард сты. 10 хæстонæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры ном, уыдонæй фондзæн – сæ амæлæты фæстæ.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг хъайтарты мадæлтæ æмæ цардæмбæлттæн ратта Арфæйы гæххæттытæ, майдантæ «Фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бинонтæ» æмæ материалон æххуыс республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй.

 

ГАПБАТЫ Алетæ,
къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here