Нозт та фæндаггон фыдбылызмæ расайдта

0
93

Æрыдоны районы прокуратурæ сразы, слестгæнæг оргæнтæ бынæттон цæрджытæй иуы ныхмæ арæзт уголовон хъуыддаджы фæдыл цы зылынгæнæн хатдзæг скодтой, уыимæ.

55-аздзыд бынæттон нæлгоймаджы ныхмæ уголовон хъуыддаг сарæзтой УФ-йы Уголовон кодексы 264-æм статьяйы 4-æм хайы («Нозтджынæй хæдтулгæйы рулыл бабадын æмæ, фæндаггон змæлды фæтк фехалгæйæ, æнæрхъуыдыйæ адæймаджы мæлæт расайын») бындурыл.

Слестгæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025 азы февралы бонтæй иуы аххосджын хæдтулгæйыл фæцæйцыд (уыимæ, уыд нозтджын) Хъæдгæроны хъæуы уынгты. Хъалæгаты æфсымæрты
уынджы фыдгæнæг скъуырдта фистæг цæуæг 82-аздзыд сылгоймаджы. Хъыгагæн, хъыгдардбаййафæгæн йæ цæфтæ уæззау разындысты, æмæ нал аирвæзт.

Хъуыддагмæ ныридæгæн æркаст тæрхондон. Нæлгоймаджы аххосджыныл банымадтой æмæ йын рахастой 5 азы колонийы фæбадыны тæрхон. Уыимæ, аххосджынæн 2 азы æмгъуыдмæ нæ уыдзæн транспортон фæрæзтæ скъæрыны бар.

 

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here