Дзæуджыхъæуы ихын галуан «Тагбан»-ы
24-28 ноябры цыдысты Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыныл
ерыстæ æрыгон (13-аздзыд) хоккеистты ’хсæн.
Дæлкъорд «А»-йы цы фондз командæйы хъазыдысты: ДЮСШ ХК «Сочи-1», ДЮСШ ХК «Сочи-2», ХК «Союз» (Стъарапол), ХК «Наследие» (Симферополь) æмæ ХК «Алайнаг фыранктæ», уыдонæн Дзæуджыхъæуы фембæлдтытæ уыдысты турниры 2-аг къæпхæны ерыстæ. Ам бæрæггонд цыдысты, ерысты 3-аг къæпхæны хъазыны бар цы æртæ командæйæн уыдзæн, уыдон.
Æвзонг хоккеистты архайд рауад тынг цымыдисаг. Алы фембæлды дæр цыди хъазуатон тох фæуæлахиз уæвыныл.
Спортуарзджыты зæрдæтæ сæ сæрæн архайдæй барухс кодтой ХК «Алайнаг фыранктæ» дæр. Тренер Юрий Черныхы хъомылгæнинæгтæн сæ фыццаг фембæлд уыди Симферополы командæ «Наследие»-имæ. Ацы фембæлды нæ лæппутæ сæ ныхмæлæуджыты дуары бакъуырдтой дæс шайбæйы æмæ рамбылдтой 10:4 хыгъдæй. Сæ дыккаг фембæлд уыди ХК «Сочи-2»-имæ, æмæ ам дæр «фыранктæ», æнæдызæрдыгæй, фæуæлахиз сты. Хъазт ахицæн 8:5 хыгъдæй ХК «Алайнаг фыранкты» пайдайæн.
Алайнæгты размæбырс-
тыты ныхмæ фæлæууын сæ къухы нæ бафтыд Стъараполы командæ «Союз»-ы хъазджытæн дæр, æмæ ирыстойнæгтæ фæуæлахиз сты 10:3 хыгъдæй.
Алайнæгтæ сæ ацы
ерысты фæстаг хъазт знон акодтой ХК «Сочи-1»-имæ. Сочийы командæ дæр йæ фыццаг æртæ ныхмæлæу-
уæг командæтыл фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ, æмæ ныр нæ лæппутимæ фембæлды бæрæггонд цыдысты, 1-аг æмæ 2-аг бынæттæм чи рацыд, уыцы командæтæ. Ацы фембæлд ахицæн знон, нæ газеты номыр мыхуырмæ лæвæрд куы ’рцыд, уый фæс-
тæ. Нæ командæ æртæ уæлахизы кæй фæци, уый йын рагацау балцæг ратта ерысты æртыккаг къæпхæны хъазынмæ. Æхсызгон у уый дæр, æмæ нæ командæйæн сæ ныхмæлæуджыты дуæртты бирæ шайбæтæ бакъуырын кæй бантыст. Æртæ фембæлды алайнæгтæ бакъуырдтой 28 шайбæйы, сæхи дуары та æрбауагътой 12. Зæ-
гъын хъæуы уый дæр, æмæ ХК «Алайнаг фыранкты» размæбырсæг Ацамаз Гридин 7 хъазты фæстæ æппæты фылдæр шайбæтæ кæй бакъуырдта æмæ 15 голимæ ерысты рæстдзæвинты разæй кæй цæуы.
Æнæмæнг нæм рæзынц хоккейы суинаг дæснытæ!
Баскаты Уырызмæг














