Дзыллон акци «Уæрæсейы дон»

0
81

Куыд иннæ уæрæсейаг регионтæ, афтæ Цæгат Ирыстон дæр 2025 азы дæргъы зæрдиагæй архайдта дзыллон экологон акци «Уæрæсейы дон»-ы мадзæлтты. Алы ведомствæты минæвæрттæ æмæ бархионтæ акцийы фæлгæты алыхуызон бырæттæй асыгъдæг кодтой республикæйы цæугæдæтты былгæрæтты 140 километрæй фылдæр.

Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæ.

Ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, акци æххæстгонд цыд апрелæй октябры онг, æмæ сси, президентон национ проект «Экологон фæрныгад»-ы дæлхайад.

Пресс-службæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уалдзæгæй фæззæгмæ акцийы архайджытæ рацыдысты 70 зиуæй фылдæрмæ. Уыимæ, сæ архайджыты нымæц та 20 мин адæймагæй фæфылдæр.

– Ацы экологон акци уæлдай ахсджиаг у нæ регионæн, Цæгат Ирыстон алкæддæр къæрцхъус у экологон нывылады фарстатæм. Æмæ уыцы хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис бархионты хъæппæрисджын архайдæн, – зæгъы республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим.

Муниципалитетты минæвæрттæ афæдзы дæргъы сæ цæст дардтой цæугæдæтты былгæрæттæ æмæ æндæр фæлладуадзæн бынæтты уавæрмæ. Искæцы тæлммæ-иу сæ зæрдæ куы фехсайдта, уæд-иу сæ фарсмæ иумæйаг зиуы балæууыдысты бархионтæ æмæ алы организациты минæвæрттæ…

 

Дмитрий АСТАХОВ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here