Фæлтæрдджын ахуыргæнæг

0
31

Национ проект «Бинонтæ»-мæ хауæг программæ «Культурæйы хъæууон кусæг»-ы фæрцы Рахизфарсы районы фæзындысты культурæйы къабазы ног кусджытæ.

Программæйы æппæтæй æнтыстджындæрæй чи архайы, уыдонæй иу у нæ
республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Бедойты Валентинæ. 46 азы размæ Валентинæйы фæллойадон фæндаг райдыдта Беслæны музыкалон скъолайы. Ацы ран æртындæс азы дæргъы бафæллой кæнгæйæ, сылгоймаг раивта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты аивæдты скъоламæ. Ахуыргæнæндоны кусгæйæ, йæ педагогон фæлтæрддзинадæй парахатæй пайда кодта, сывæллæттæй бирæтæн музыкæ бауарзын кодта.

Фæлæ хъысмæты фæзилæнтæ педагогы ногæй беслæйнаг музыкалон скъоламæ æрбакодтой. Ацы ахуыргæнæндоны кусгæйæ, Валентинæ фыццæгæм къласæй æвдæм къласы онг ахуырдзаутæн амоны фортепианойæ, цæгъды лыстæг фæзилæнтæ, стæй сæ ахуыр кæны музыкæйы фæрцы æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ æргом кæныныл. Ахуырдзаутæй бирæтæн сæ бон аивады бæрзæндтæм схизын кæй у, фæлтæрдджын педагогы уый уырны.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here