Тох цæуы, карз тох Уæрæсейы хæдбардзинадыл, æмæ нæ егъау бæстæйы цæрджытæ иу бинонтау, сæ бон цæмæй у, уымæй æххуыс кæнынц фронтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Ирыстоны бирæнацион адæм дæр фыццæгты рæнхъыты сты, гуманитарон æххуыс æмбырд кæнынц иудадзыг æмæ йæ нæ сахъ лæппутæн æрвитынц.
Рахизфарсы районы Цæлыччы хъæуæй тохы быдырмæ чи фæраст, уыцы лæппутæй, хъыгагæн, дыууæ фæмард, рухсаг уæнт, ныртæккæ та фронты хæцынц аст нæлгоймаджы. Хъæуы цæрджытæ цалдæр хатты арвыстой æххуыс, ацы ахсджиаг хъуыддаджы стыр хъæппæрис æвдисынц бынæттон администрацийы сæргълæууæг Санахъоты Эдуард æмæ скъолайы директор Дзгойты Джуль-
еттæ.
Хæстонтæ хъæумæ арæх сæрвитынц видеобастдзинады руаджы курдиæттæ, хъуагдзинад цæмæй æййафынц, уый тыххæй, æмæ уайтагъд Эдуард æмæ Джульеттæйы хъæппæрисæй æххуыс æмбырдгонд æрцæуы æмæ йæ хæстæгдæр рæстæг лæппутæм фæхæццæ кæнынц. Афтæ та æрæджы сæ курдиат уыдис «Нива» – хæдтулгæтæн цæлхытæ балхæнын æмæ рарвитын. Фронт дарддæр размæ цæуы, зымæг райдыдта, машинæты цæлхытæ та, лæппутæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бынтон «ныллæгуын» сты, баихсыдысты.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Цæлыччы администрацимæ ахæм фæрæзтæ нæй, фæлæ Санахъойы-фырт æвæстиатæй райдыдта, чи йын феххуыс кæна, ахæм адæм агурын. Æмæ ссардта – дзурын дæр æй не суагъта арæзтадон-монтажгæнæн куыстуат «Дзæбидыр»-ы генералон директор, йе ‘рвад Санахъоты Нугзар – ратта æхца, æмæ цæлхытæ æлхæд æрцыдысты.
Ирыстонæй сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ, уæлдæр куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй иудадзыг æрвыст цæуы алывæрсыг æххуыс, æмæ уыцы цæлхытæ лæппутæм тагъд рæстæджы фæхæццæ уыдзысты.
– Ирыстоны фæсивæд цы лæгдзинад æвдисынц сæрмагонд æфсæддон операцийы алы здæхтты, уый æмбисондæн дзуринаг у, сæ хъайтардзинад дæрдтыл айхъуыст. Мах сæ сæрыстыр стæм. Тынг уæззау уавæрты лæууынц знаджы ныхмæ, знагæн та ис бирæ цæсгæмттæ – сæ ныхмæ хæцынц æрмæст украинаг неонацисттæ нæ, фæлæ фæсарæнтæй æнæкæрон æххуыс, куыд адæмæй, афтæ хæцæнгарзæй дæр. Æмæ нæ лæппутæ хъæддых кæй лæууынц сæ ныхмæ, кæй сæ куынæг кæнынц, уым, кæй зæ-
гъын æй хъæуы, нæ адæмы иудзинадæн дæр стыр ахадындзинад ис. Махæй алчидæр йæхи бынаты хорз æнкъары бæрнондзинад нæ хæстонты раз, нæ хæс у, куыд моралон, афтæ материалон æгъдауæй дæр æххуыс раттын, æмæ сæрыстыр дæн, уыцы хъуыддаджы мæ уарзон хъæу Цæлыччы цæрджытæ дæр иуварс кæй нæ лæууынц,уымæй, – радзырдта нын администрацийы сæргълæууæг Санахъоты Эдуард.
ГАПБАТЫ Алетæ














