Ирыстоны зæххыл Джызæлы фарнхæсджытæй иу у Дадианаты Тæмæзы къона: куырыхон зондыл хæст, сæ риуы зынгзæрдæ кæмæн тæлфы, сæ уды рæбинаг катай сæ бинонты, хиуæтты, хъæубæсты хорздзинадыл кæмæн у. Ныхасы зæрингуырдтæ, рæстзæрдæ адæм. Фæзминаг хъæбултæ æмæ цардæмбæлттæ. Хорз æмгæрттæ æмæ дзæбæх сыхæгтæ… Æмæ уыцы хорз миниуджытæн иудзинад æмæ хъармдзинад дæтты хæдзары ‘фсин Дзампаты Газаттейы чызг Зарæ: ныййарæг, хъомылгæнæг, зондамонæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг…
Зарæ райгуырд Фарныхъæуы æгъдауджын бинонты ‘хсæн, зæхкусæджы хæдзары. Йæ мад Лизæ уыд уæздан мыггаджы чызг (Калотæй) æмæ йæ ирд фæд ныууагъта йæ сабиты хъомылады: дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы (хъыгагæн, мадызæнæгтæй абон йæ цæст æрттивы æрмæст Зарæйæн). Фæлæ Зарæйы мадызæнæджы рæвдыд кæнынц абоны онг йе ‘фсымæрты цот æмæ хæрæфырттæ. Уыдонæй кæддæриддæр йæ сæр бæрзæндты хæссы.
Зарæ – хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинады хицау… Уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр уыдысты æмæ сты йе стырдæр царды лæвæрттæ, йæ мадæй йын чи баззад, уыдон. Æмæ сæ æнæвгъауæй дæтты бирæ азты йæ кæстæртæн, фидæнæн. Хæрз æрыгонæй æрæвæрдта царды уаргъ Зарæйыл дæр йæ уæз: кусын райдыдта дысвæлдæхтæй. Уыд раззагдæртæй кæддæриддæр, æгъдауджын, ныфсхаст.
Урс хохæй урс дуртæ тулы, баззад нæ фыдæлтæй. Уый ууыл дзурæг у, æмæ Зарæ йæ мады гуыбынæй, йæ фыдыуæзæгæй, йæ райгуырæн хъæубæстæ Фарныхъæуæй рахаста сылгоймаджы сæйраг æцæг миниуджытæ, кæцытæ йын стыр ахъаз фесты йæ цард æмæ фæллойы фæндагыл.
Сылгоймаг царды мæсыджы артдзæст у, загъдæуы ирон æмбисæндты… Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн уыд, уæд уый – Дзампаоны мидбылхудт цæсгом, уый рæсугъд ирон æгъдау уынгæйæ. Уарзондзинады цырен арт ссыгъд, æвзонг чызджы фенгæйæ, Дадианаты æрыгон сахъ лæппу Тæмæзмæ. Дыууæ кæстæрмæ цард йæ мидбылты бахудт, æмæ Джызæлы Дадианаты уæздан мыггаджы равзæрд фæзминаг бинонтæ – Тæмæз æмæ Зарæ. Сæ иумæйаг æмкъайад уыд дæргъвæтин: иумæ сбæрæг кодтой сæ сыгъзæрин чындзæхсæв (абон, хъыгагæн, Тæмæз не ’хсæн нал ис). Абоны царды кæд Хуыцауы арфæ æрцыд Тæмæзы къонайыл, зæгъгæ, дæ бындур авддуарон фæуæд, æмæ кæд мадызæнæгæн сæ артдзæстытæ фæхицæн сты, уæддæр бæрæгбæттæ кæнынц сæ иумæйаг фыды къонайы, сæ ныййарæджы фарсмæ, æмæ уый бирæйыл дзурæг у.
Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой, цард, дам, у хуры скаст æмæ ныккаст. Фæлæ уыцы скаст æмæ ныккасты цард Тæмæзы хуызæн лæгты уæхсчытыл фенцайы. Æмæ уымæ гæсгæ иу æмæ дыууæ хатты хорзæхджын не ‘рцыд паддзахадон æмæ адæмы хорзæхæй, йæ фарсмæ – йæ уæздан цардæмбал Зарæ, афтæмæй.
Зарæ йæ бинонтæн у сæ цардаразæг, къонайы артдзæст хъармгæнæг, кæс-
тæртыл аудæг, нæлгоймаджы разæнгардгæнæг. Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, сылгоймагимæ кæй ис абарæн. Уый у хуры тынтау фæлмæн. Дзампаон йæ хистæртæн, йæ кæстæртæ Стас, Артур æмæ Олегæн, сæ цардæмбæлттæ æмæ цоты цотæн у сæ иугæнæг, сæ царды рухс фæндаг, сæ зондамонæг… Иу ныхасæй, сæ царды хур, кæцыйы хъармдзинад æмæ тавдæй адæймаджы фæнды бирæ æнтыстытæ æмæ хорздзинæдтæ фæлындын.
«Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут», – сты лирикон зарæджы буц рæнхъытæ. Уыцы зарæг арæх райхъуысы Дадианаты хæдзары. Зарæйæн йæ зæрдæ, йæ цард у рæвдыд йæ кæстæртæй – æппæтæй дæр. Йе ‘ртæ чындзы царды мидæг йæхи аив лæггадгæнаг фæндагыл цæуæг фесты æмæ абоны онг сты дæнцæгæн хæссинаг.
Мады лæггад никуыма ничи бафыста, загъдæуы æмбисонды. Фæлæ нæ алкæй хæс дæр у, цæмæй нæ хорз хъуыддæгтæй, не ‘гъдау æмæ кадæй мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæссæм, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæй. Афтæ Зарæйæн йæ цоты цот цыренау лæггад кæнынц – уæлдайдæр та Артуры фырт Хазби. Уый йæ нанайы уæлдай буц дары алыхуызон зæрдылдаринæгтæй, иннæ
кæстæртæ та йæ фæд-фæд цæуынц.
Мад… Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ.
Тетырмазты Фатимæ,Джызæл














