Алагиры Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады механизацийы техникумы медиацентр «Фотоникум»-ы æрыгон минæвæрттæ хъомыладон
куысты ахуыргæнæндоны директоры уынаффæгæнæг Цыбырты Миленæимæ иумæ бабæрæг кодтой пъæлицæйы отставкæйы майор Лианты Эльзæйы.
Алы адæймаджы царды дæр, стыр ахадындзинад кæмæн ис, амынд бæрæгбон скæнынц уыцы сылгоймаджы кадæн. Мад у фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуæг уарзондзинады, узæлд æмæ æххуысы гуырæн. Ныййарæджы фæллойы ахадындзинадыл дзурæг амынд бон Уæрæсейы официалон уагæй бæрæг кæнынц 1998 азæй нырмæ. Дæнцæгæн æрхæссæн кæй ис, Лианты-Пагæты Георгийы чызг Эльзæ у куысты хæстæ æмæ бинонты хæзнатæ иугæнæг ахæм сылгоймаг. Эльзæ 18 азы дæргъы баслужбæ кодта Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады. Ацы сылгоймаг йæхи равдыста иттæг дæсны кусæгæй, стæй кæстæртыл аудæг мад æмæ нанайæ.
Куысты хæстæ æххæст кæнгæйæ, Эльзæ кæд бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, уæддæр ацы сылгоймаг йæ службæйы азтæ æхсызгонæй æрымысы. Службæмæ стыр æргом здахæг сылгоймаг йæ хæдзар нымадта фæлладуадзæн бынатыл. Алагиры районы мид-
хъуыддæгты хайадмæ службæ кæнынмæ æрбацæуæг Эльзæ райдианы куыста штабы дæлхайады, фæстæдæр сылгоймаг раивта паспортон (ныры мидбæстон миграцион службæ) дæлхайадмæ, фæстагмæ та Эльзæ ногæй куыста штабы. 2015 азы мидхъуыддæгты оргæнты баслужбæгæнæг сылгоймаг пенсийы ацыд.
Фæлæ куыстыл сахуыруæвæг сылгоймаг æнцон бадын бирæ нæ бафæрæзта æмæ пенсийы ацыды фæстæ Эльзæ ноджыдæр ма дыууæ азы дæргъы бакуыста мидхъуыддæгты хайады хъуыддагаразæг дæлхайады, чысыл фæстæдæр та – ома, фарон августы – æрбаздæхт мидбæстон миграцийы дæлхайадмæ æмæ ныронг ам кусы. Мидхъуыддæгты оргæнты ветеран йæ бирæ зонындзинæдтæй æрыгон æмгуыстгæнджытæн рæдауæй хай кæны.
Куысты хæстæ æнтыстджынæй æххæстгæнæг сылгоймаг бинонты дарыны хъуыддагмæ дæр стыр æргом здахы. Эльзæйæн йæ мой Таймураз дæр стыр æххуыс кæны. Бинойнæгтæн чи рантыст, уыцы чызджытæ Мæдинæ æмæ Сабринæ, сæ мады фæзмгæйæ, куыстæн равзæрстой мидхъуыддæгты оргæнтæ. Мойдзыд чызджытæ цоты хъомыл кæнынц. Эльзæ йæ цотæй æмæ уыдоны кæстæртæй райгонд у.
Фембæлды рæстæг студенттæ пъæлицæйы службæйы тыххæй бирæ ног хабæрттæ базыдтой. Уæвæн ис, æмæ куырыхон сылгоймагимæ ныхасы фæстæ фæсивæдæй иуæй-иутæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæм кусынмæ бацæуыны фæнд скæндзысты.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














