Экскурси сарæзтой

0
94

Республикон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы кæронбæттæны архайæг 40 адæймаджы бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы паддзахадон унитарон
куыстуат «Донæфсисад æмæ дон иуварсуадзæг республикон куыстуат».

Уазджытæн сарæзтой экскурси: равдыстой сын сæрмагонд техникæйы сæдæ иуæгæй фылдæримæ нырыккон автопарк, стæй сæ базонгæ кодтой лаборатори æмæ æндæр хайæдты куыстимæ.

Уымæй уæлдай, æрбацæуæг адæм аныхас кодтой республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур æмæ амынд куыстуаты разамонæг Кцойты Тамерланимæ. Нæ регион цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады райрæзты федералон фæлварæн проект куыд æххæст кæны, базæрондуæвæг дон æмæ хъармуадзæн хæтæлтæ парахатæй ногтæй куыд ивынц, стæй фиддонтæ фылдæр æмбырд кæнынæн цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц, уазджытæн уыдæтты тыххæй хабæрттæ радзырдтой.

– Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, прог-
раммæ «Æхсарджын Ирыстоны»-ы кæронбæттæны архайджытæ нæ
республикæйы цардифтонгады ахсджиагдæр объекттæ (адонæй иу у республикон «Водоканал) бабæрæг кæнынц. Ныртæккæ «Водоканал»-ы кусджыты нымæц хæццæ кæны æртæ мин адæймагмæ. Иннæ компаниты кусджытимæ абаргæйæ, нæ къабазы рæстæмбис мызды бæрц  у фылдæр. Куыстуат цы бон байгом, уыцы бонæй нырмæ
Дзæуджыхъæуы раууатмæ ’рцæуæг дæсгай километртæ донуадзæн хæтæлтæ ногтæй баивтам, бирæ азты дæргъы Хурыхъæуы, Ольгинскæйы, Михайловскы æмæ æндæр хъæуты цæрæг адæмы чи тыхсын кодта, донифтонгадимæ баст уыцы фарстатæ лыггонд æрцыдысты. Экскурсийы ‘руаджы программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы кæронбæттæны архайджытæн ис пайдайаг зонындзинæдтæ райсыны фадат, – загъта Хъарайы-фырт.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: амынд программæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ахъаз кæны сæ раздзогон миниуджытæ раргом кæнынæн. Программæйы кæронбæттæны архайджытæм æнхъæлмæ кæсынц æхсæнадон организацитæ æмæ хицаудзинады оргæнты куысты бынæттæ.

РЦИ-Аланийы
Цæрæнуатон-
коммуналон
хæдзарады, артаг
æмæ энергетикæйы
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here