Хъæды таладон сног кæндзысты

0
107

Иннæ азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны хъæды таладон нывыл кæнын æмæ хъæды хæдзарады техникæ æлхæнын райдайдзысты.

Нæ регионы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадимы ныхасмæ гæсгæ, ацы мадзæлттæ арæзт сты регионы хъæд ногæй саразыны куыстыты ахадындзинад фæуæлдæр кæнынмæ æмæ фидæны хъæдтæ саразынæн мыггæгтæ балхæнынмæ.

Таладон сног кæныны фæрцы уыдзæн сæйраг хъæдаразæг бæлæсты талаты хæрзхъæддзинад æмæ куыстыты ахадындзинад фæхуызæр кæныны фадат. Амынд хъуыддæгтæн федералон бюджет радих  кæндзæн 5 милуан сомæй фылдæр. Куыстытæ æххæст кæндзысты национ проект «Экологон фæрныгад»-ы фæрцы.

 

Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here