Объекты арæзтадыл æрныхас кодтой

0
151

Хъуыддаджы фембæлды рæстæг Цæгат Ирыстоны Сæргълæу-
уæг Сергей Меняйло æмæ базарадон компани «Wildberries»-ы
разамонæг Татьянæ Ким нæ республикæйы фæзуатыл транспортон-логистикон комплексы арæзтадыл æрныхас кодтой.

Амынд раивæн бынат компанийæн æмæ нæ республикæйæн дæр нымад у ахсджиаг объектыл.

– Фарон, Бетъырбухаг дунеон экономикон æмбырды архайгæйæ, проект баххæст кæныныл бафидыдтам. Нæ товаруадзджытæ парахатæй  кæмæй пайда кæндзысты, уыцы транспортон-логистикон комплекс регионы экономикон рæзтæн ахъаз кæндзæн, – бафиппайдта Сергей Меняйло.

– Бынæттон товаруæйгæнджытæ разæнгардæй архайынц электронон коммерцийы базарады. Фарон «Wildberries»-ы архайæг ацы уæйгæнджыты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр. Мартъийы Цæгат Ирыстоны уагъд хуыздæр товартæ архайын райдыдтой бынæттон амалиуæггæнджытæн æххуысы программæ «Платформа роста»-йы. Æндæразимæ абаргæйæ, ацы аз  проекты архайæг куыстуæттæ ауæй кодтой ссæдз хатты фылдæр товартæ, – загъта Татьянæ Ким.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here