Нæ республикæйы æххæстгонд цæуы ног æхсæнадон-паддзахадон программæ «Ирон æвзаг нымæцон тыгъдады». Йæ нысан у мадæлон ирон æвзаг нырыккон технологиты дуджы бахъахъхъæнынæн æй нымæцон платформæмæ бахæссын. Уый та ахъаз уыдзæн интернеты фæрæзы хъæлæсы уагæй видеоæрмæджытæ иронау кæсынæн, чингуытæ уырыссагæй иронмæ тæлмац кæнынæн, ирон æвзаг æмбæрстгонд цæмæй цæуа, хъусой æмæ йæ уыной, уыцы мадзæлттæн фадæттæ саразынæн.
Хъæппæрис арæзт у нырыккон нымæцон инфраструктурæ саразынæн, ирон æвзагæй цæмæй пайдагонд цæуа ахуырады, туризмы, дзыллон-хабархæссæг фæрæзты къабæзты æмæ, «хъæлæсон æххуысгæнæг» кæй хонынц, интернеты тыгъдады уыцы мадзæлттæн.
Дзæуджыхъæуы Тугъанты Махарбеджы номыл музейы проект царды рауадзыны фæдыл ацыд презентаци. Мадзалмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмæ дзыллон-хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.
Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй проект æххæстгонд цæуы нæ республикæйы адæмы хъæппæрисæй, бюджетон æфтиæгтæм ницы бар даргæйæ.
– Рæстæг ивы, ивынц нæ царды уавæртæ дæр. Абон цæрæм ног технологон ивæнты дуджы, æмæ нæ хъæуы семæ æмдзу кæнын. Цы проекты кой кæнæм, уый ахсджиаг хъуыддаг у мадæлон æвзаджы рæзтæн, йæ бахъахъхъæнынæн, уымæн æмæ, æвзаг куы нæуал уа, уæд нал уыдзæн адæмыхатт дæр, æмæ нæ уымæй
Хуыцау бахизæд. Ацы проекты нысантæ дæр сты, куыд загътон, афтæмæй æвзаг бахъахъхъæнынæн, цæмæй йæ нырыккон дуджы интернеты тыгъдады уыной æмæ хъусой алы нымæцон платформæтæй пайдагæнджытæ. Хорз уаид, ацы проектмæ се ‘ргом куы аздахиккой, ирон æвзагыл чи фыссы, уыцы журналисттæ дæр, тæлмац кæной иронмæ тексттæ. Æвзаджы хъысмæт, фыццаджыдæр, бинонты æхсæнæй цæуы, кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ хъуамæ дзурой сæ кæстæртæм мадæлон æвзагыл. Ацы хъуыды бирæ хæттыты бафидар кодтам, уæддæр уавæр нывылдæр нæ кæны. Уæрæсейы Федерацийы Президент Указ бафыста нæ бæстæйы æппæт адæмты æвзæгты тыххæй закъон сæ рæзт æмæ сæ бахъахъхъæныны фæдыл æппæт мадзæлттæ агурынæн. Интернеты тыгъдады нымæцон платформæтæй абон æппæты хъуыстгонддæр «Яндекс» æмæ «Гугл» сты, æмæ, ацы проектыл чи бацархайдта, бындур ын чи сæвæрдта, уыцы «Ирон æвзаджы нымæцон фонд»-ы минæвæрттæ дарддæр архайдзысты программæйы рæзтыл æмæ йæ фидардæр кæныныл, – загъта Сергей Меняйло.
Мадзалы ирон æвзаджы нымæцон фидæны фæдыл бæлвырд æмæ бæстон
радзырдта уæлдæр амынд фонды сæрдар Нартыхъты Алыксандр дæр.
Саутæты Тамилæ,
къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова














