Царды цыдæриддæр дæсныйæдтæ ис, уыдонæй дохтыры дæсныйад у æппæтæй ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр. Адæймаджы цард бахъахъхъæнын, рынчыны фæлмæн ныхасæй фæныфсджын кæнын у сæ царды стырдæр нысан.
Рынчын адæймаджы нывыл цардмæ раздахынæн дохтыртæ сæ тыхтæ, сæ хъарутыл нæ ауæрдынц. Низтæ фæсурынæн та арф зонындзинæндтæ æмæ мадзæлттæ хъæуы. Бæлвырд дæсныйад райсгæйæ дæр дохтыртæй бирæтæ фæтырнынц сæ зонындзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынмæ.
Фехъусæн ис арæх, дохтыр дæсныйад нæу, фæлæ у царды ‘гъдау, зæгъгæ. Дохтырæн адæймаджы ирвæзын кæнын у йæ æрвылбоны уæззау куыст. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, дохтыры дæсныйад у сгуыхтдзинад. Уымæй арфæйагдæр, зындæр, бæрнондæр куыст нæй. Дохтыры дæсныйад домы уды сыгъдæгдзинад æмæ зонды ирддзинад.
Ахæм миниуджытæ цы дохтыртæм ис, уыдонæй сты мануалон терапевт Хъазиты Алыксандр, остеокинезиолог, иглотерапевт Сеойты Вероникæ, мануалон терапевт Дзампаты Замирæ, Ставд-Дурты хъæуы амбулаторийы дохтыр Бры-
тъиаты Махарбег, массажгæнджытæ Санахъоты Мæдинæ æмæ Татьянæ Митрофанова.
Ахæм адæймаг нæ разындзæн, дохтыры ‘ххуыс кæй нæ бахъæуы. Рынчынæн, дам, йæ дзырды сæр йæ низы кой вæййы. Æрæджы дохтыры æх-
хуыс бахъуыд мæн дæр. Мæ цонг уæлæмæ сисын мæ бон нал уыд. Мæ астæуыстæгæй та бынтон диссаг уыдтæн, акъахдзæф кæнын дæр нал фæрæзтон. Цыбыр дзырдæй, тынг æвзæр уавæры уыдтæн. Куы нал фæрæзтон, уæд адзырдтон нæхи хъæуы бынæттон дохтыр Брытъиаты Махарбегмæ. Уайтагъд мæм æрбацыд. Лæмбынæг мæ æрфарста ме ‘нæниздзинадæй. Равдыста мæм уæздан ахаст, раст цыма йе ‘ввахс хион уыдтæн, уыйау. Загъта, цæмæй куыд тагъддæр, афтæ МРТ скæнон. Йæ фæлмæн ныхасæй дæр мын цыма æнцондæр фæци, афтæ мæм фæкаст. Кæй зæгъын æй хъæуы, цы хъуыдис, уыдон иууылдæр срæвдз кодтон, æмæ мын уæд бацамыдтой дохтыр Дзæуджыхъæуы, — мануалон терапевт Хъазиты Алыксандры. Мæ гæххæттытимæ йæм ссыдтæн. Раст мæ цыма рагæй зыдта, афтæ мыл баузæлыд. Куыд бамбæрстон, афтæ йын алы адæймагмæ дæр ис аудгæ æмæ уæздан ахаст. Цыбыр дзырдæй, рынчынтæн хос кæны суанг дзыхы ныхæстæй дæр. Уæдæ йемæ цы кусджытæ ис, уыдонæй дæр ницæмæй рахъаст кæндзынæн. Се ‘ппæт дæр мæм тынг хорз, уæздан цæстæй ракастысты. Алыксандр цы снысан кодта, уыцы процедурæтæ мын скодтой, суанг массажты онг. Цалдæр хатты мæ цæуын бахъуыд, æмæ, иу ныхасæй, Алыксандры руаджы мæ къæхтыл слæууыдтæн, уæдæ мæ цонг хæрдмæ исын дæр райдыдтон.
Фæлмæнзæрдæ уæвын, искæй рыст хи рыстау æнкъарын — уыдон сты дохтырæн йæ сæйраг миниуджытæ, æмæ сæ, фыццаджыдæр, стыр бузныг дæн, уыцы миниуджытæ сæм кæй разынд, уымæй. Алыксандр иу æмæ дыууæ рынчынæн нæ баххуыс кодта, æмæ йын Хуыцау ноджы фылдæр æнтыстытæ балæвар кæнæд йæ ахсджиаг æмæ хъæугæ куысты.
ЦОГОЙТЫ Зинæ, Ставд-Дурты цæрæг














