Æмбарынгæнæн экскурси

0
36

Ведомствæты æмгуыстады фæткмæ гæсгæ, Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ Алагиры 3-æм скъолайы фарæстæм «б» къласы ахуырдзаутæн сарæзтой æмбарынгæнæн экскурси Уæрæсейы Национ гвардийы æфсæдты федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайадмæ.

Барадхъахъхъæнджыты куыстимæ рæзгæ фæлтæр базонгæ кæныны мадзалы архайдтой амынд хайады хистæр специалист, пъæлицæйы капитан Азиаты Мæдинæ, ацы хайады взводы командир, пъæлицæйы лейтенант Кучиты Марат æмæ сывæллæтты æхсæнадон иугæндтимæ æмгуыстады фæдыл скъолайы директоры уынаффæгæнæг Есенаты Альбинæ.

Национ гвардийы æфсæдты службæгæнджытæ сæ куысты тыххæй хабæрттæ ахуырдзаутæн радзырдтой, равдыстой сын патрулон хæдтулгæтæ, хæцæнгæрзтæ æмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Æнæведомствон хъахъхъæнынады хайады хицау, пъæлицæйы майор Быгъдаты Барисы ныхасмæ гæсгæ, гвардионтæ канд уынгты рад нæ хæссынц, фæлæ ма терроризмы ныхмæ дæр тох кæнынц, стæй ахсджиаг объекттæ хъахъхъæнынц.

Æфсæддон службæгæнджытæ (адонæй бирæтæм ис хæстон фæлтæрддзинад) ахуырдзауты фарстытæн æнæзивæгæй дзуаппытæ лæвæрдтой. Фембæлды рæстæг уæлдай фылдæр æргом аздæхтæуыд гвардионты архайдмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ æфсæддон службæгæнджыты æвдыст сгуыхтдзинæдтæм.

Фæстæдæр экскурсанттæ базонгæ сты гвардионты хæцæнгæрзтæ æмæ сæрмагонд уæлæдарæсимæ. Фæсивæд æхсызгонæй сæ уæлæ скодтой згъæржилеттæ æмæ згъæрхудтæ, рацитимæ куысты тыххæй хабæрттæ базыдтой, стæй дамбацатæ æмæ автоматтæй куыд пайда кæнынц, уый сын равдыстой.

Национ гвардийы æфсæдты ахуыргæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ бацæуæн куыд ис, æфсæддон службæгæнджытæ хистæркъласонтæн уый бæлвырдæй радзырдтой. Уæлдай фылдæр æргом аздæхтæуыд æнæведомствон хъахъхъæнынады техникон ифтонгадмæ. Фæсивæд патрулон хæдтулгæты куысты тыххæй хабæрттимæ базонгæ сты. Фыдгæнджытæ цæрæнуатмæ сусæгæй куы фæныхилой, уæд архайын куыд хъæуы, фембæлды кæрон гвардионтæ – пъæлицæйы хистæр сержант Быгъуыл-
ты Батрадз
æмæ пъæлицæйы сержант Агънаты Тамерлан – ахуырдзаутæн уый равдыстой.

Фембæлды архайджыты ныхасмæ гæсгæ, рæзгæ фæлтæр Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынимæ баст дæсныйæдты тыххæй цæмæй фылдæр хабæрттæ базоной, дзыллон мадзæлттæ уымæн ахъаз кæнынц. Скъолайы разамонджытæ гвардионтæн мидисджын фембæлды тыххæй бузныг загътой. Ахуырдзаутæ æфсæддонтæм сæ службæйы тыххæй фарстытæ раттой. Скъоладзаутæй иуæй-иутæ фидæны национ гвардийы æфсæдты службæ кæныны фæнд дæр ма скодтой.

 

Гæззаты Зæринæ, Алагиры районы
мидхъуыддæгты хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here