Дзанайты Барис дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Министрадтæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæ ныхас кодтой республикæйы экономикон æмæ социалон рæзтимæ баст фарстатыл.
Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнты тыххæй доклад бакаст РЦИ-Аланийы Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитеты сæрдар Александр Хоружий. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы оперативон уавæр у нывыл.
– Республикæйы транзитон уæзласæн машинæты нымæц кæй сбирæ, уымæ гæсгæ 8 декабрæй фæстæмæ æххæстгонд цæуы бæрзонд цæттæдзинады уавæр. Ныртæккæ транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Арвыкомы фæндагыл ацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц 2456 автотранспортон иуæджы, 2257 – электронон рады. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 16970 автотранспортон иуæджы æмæ 35480 адæймаджы, – загъта Александр Хоружий.
Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фæстаг къуырийы дæргъы республикæйы æрцыд 97 фæндаггон фыдбылызы. Алыхуызон цæфтæ дзы баййæфтой 11 адæймаджы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындæттæм
аластой.
РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æппæт коммуналон лæггæдтæ дæр цæрджытæн лæвæрд цæуынц æххæстæй.
Хицауады Сæрдар РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур æмæ æппæт ресурсон организацитæн дæр бафæдзæхста бæрнондæр уæвын, коммуналон хызы цы аваритæ æрцæуы, уыдон афойнадыл иуварс кæнын.
Республикæйы «Роспотребнадзор» фехъусын кодта, эпидемиологон уавæр зæрдæхсайгæ кæй у, уый. ОРВИ æмæ гриппæй рынчынты фылдæр хай сты сывæллæттæ. Коронавирусæй фæрынчын сты 11 адæймаджы.
Дзанайты Барис районты разамонджытæн бафæдзæхста Ног азы бæрæгбонмæ армукъатæ байгом кæнын, цæмæй адæмæн сæ бон уа наз бæлæстæ балхæнын. Ноджы ма республикæйы Хъæууон хæдзарады министрадимæ иумæ саразын хъæууон- хæдзарадон армукъатæ дæр.
Ног азы къæсæрыл Дзанайты Барис РЦИ-Аланийы Æрдз хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта наз бæлæстæ æнæзакъонæй калынмæ цæстдард фæкарздæр кæнын.
Дарддæр ма æмбырды ныхас цыд республикæйы фæндæгты уавæрыл дæр. Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль куыд фехъусын кодта, афтæмæй афæдзы пъланмæ гæсгæ, æппæт фæндаггон куыстытæ дæр æххæстгонд æрцыдысты афойнадыл.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














