Ацы бонты бæгæныфыцæн куыстуат «Бавария»-йæн уыдис уæрæхгонд æмбырд, æмгуыст кæимæ кæны, уыцы «Вкус Вилл», «Магнит», «Бристоль» æмæ æндæр егъау базарадон компаниты дистрибьютортимæ. Конференци арæзт цæуы æрвылаз дæр, сæ афæдзы куыстæн хатдзæгтæ скæнын, сæ æнтыстдзинæдты бæрæггæнæнтæ бахынцынæн. Мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Сокаты Марат, бæгæныфыцæн куыстуат «Бавария»-йы генералон директор Битарты Зелимхан, спорты дæснытæ Бекъойты Азæмæт, Цæболты Хетæг, Хъуылаты Тамерлан æмæ нæ бæстæйы алы регионтæй базарадон компаниты разамонджытæ, минæвæрттæ.
Конференцийы райдайæны уазджытæ бакастысты, бæгæныфыцæн куыстуат «Бавария» нæ республикæйы куыд фæзынд æмæ рæзыд, уыцы историйы тыххæй документалон кинонывмæ.
Уæд, 1994 азы, чысыл завод уыдис, уагътой дзы иу суткæмæ 700 литры бæрц æртæ хуызы бæгæны. Завод фыхта немыцаг бæгæны бавариаг бæгæныфыцджыты технологитæм гæсгæ, æмæ йыл уый тыххæй сæвæрдтой ном «Бавария» дæр.
Уыцы рæстæг куыстуатæн разамынд лæвæрдта Битарты Вячеслав. Йæ продукцийы фæлхасад бæрзонд æмвæзадыл уыдис, æмæ компани бадзырд бафыста венгриаг «Агрометол», зæгъгæ, фирмæимæ, бæгæныфыцæн нырыккондæр ифтонггæрзтæ балхæныны фæдыл. Афтæмæй ног техникæйы фæрцы куыстуаты продукцийы бæрц фондз хатты фæфылдæр. Бренд «Бавария»-йы номимæ бæгæныйæ уæлдай ма уадзын райдыдтой адджын æмæ суардæттæ.
Азтæ цыдысты, рæзыд куыстуат дæр. Абон фидарæй нæ бон зæгъын у, «Бавария» кæй у нæ республикæйы æппæты егъаудæр хъалонфидæг организаци. Æрмæст ацы аз Цæгат Ирыстоны бюджетмæ æфтиæгтæ бахаста 2 миллиард сомæй фылдæр. Нымад цæуы бæгæны, хъæууон хæдзарад æмæ ресторанты бизнесы стыр куыстуатыл. Архайы æхсæнадон царды æххуыстæ бакæнын æмæ социалон къабæзты лыггæнинаг хъуыддæгтæ банывыл кæныны фарстаты.
«Бавария»-мæ ис медицинон лæггæдты хи службæ дæр – тагъд æххуысы машинæ æмæ дохтыртæ. Куыстуаты кусы 1500 адæймаджы. Ис сын алывæрсыг æххуыстæ. Компани, йæ кусджытæй æвæрæздæр чи у, уыдонæн сарæзта бирæфатерон хæдзæрттæ, уыцы хъуыддаг абон дæр æххæст кæны. Уæдæ сын хъæууон хæдзарады дæр чысыл æнтыстдзинæдтæ нæй. Æрмæст кæуыл бакуыстой, уыцы картофы ног мыггæгтæ нæ бæстæйы æндæр регионтæ æхсызгонæй æлхæнынц.
Æрвылазон сси ирон бæгæныйы фестиваль дæр. Мадзал ахъаз у нæ фыдæлты традицитæ, нæртон бæгæны фыцыны æгъдау бахъахъхъæнынæн.
Конференцийы РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Сокаты Марат куыд радзырдта, афтæмæй кæцыфæнды куыстуаты æнтыстдзинæдтæ дæр комкоммæ баст сты йæ продукци уæй кæныны фарстатимæ.
– Ахсджиаг æмæ вазыгджын хъуыддаг у, æмгуыст кæимæ кæнæм, уыцы компанитимæ хæлар æмæ æууæнчы ахастдзинæдтæ аразын. Уыцы хорз ахастдзинæдтæ фадат дæттынц æддагон базарады æнтыстджынæй архайын æмæ нæ иумæйаг фембæлд партнертимæ дæр уымæн æвдисæн, – загъта министр.
Бæгæныфыцæн куыстуат «Бавария»-йы генералон директор Битарты Зелимхан та конференцийы архайджытæн арфæ ракодта æмæ загъта, куыстуатæн цы фидар æмæ æнгом ахастдзинæдтæ ис æндæр компанитимæ, уыдоны фæрцы сæ нæ бæстæйы фæлхасгæнæг дæр кæй базыдта æмæ сын сæ продукци æхсызгонæй кæй агуры.
– Бирæ уазджытæ нæм æрцыд, куыд регионалон, афтæ федералон базарадон компанитæй. Иумæ архайæм нæ продукцийы рæзтыл, кæнæм сæ хуыз-
дæр æмæ хæрзхъæддæр. Фæстаг цалдæр азы уынæм, Тбау-дон æмæ
къуымæлы фæлхасгæнджытæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæнынц, уый.
Абоны конференцийы ма ноджыдæр бафысдзыстæм æмгуыстады бадзырдтæ æндæр компанитимæ æмæ уæрæхдæр кæндзæн нæ базарады географион фæз дæр, – загъта Битары-фырт.
Мадзалы архайджытæ ныхас кодтой ног фæндтæ æмæ хъæппæристыл, продукцийы ног хуызтыл, логистикæ æмæ æндæр фарстатыл.
Луганскы æнæхæст бæрнондзинды æхсæнад «Стандартопторг»-ы генералон директоры хæдивæг Вячеслав Кулешов газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæн радзырдта:
– Нæ куыстуат ис Луганскы Адæмон Республикæйы. Ирыстоны «Бавария»-имæ та æмгуыст кæнæм дыууæ азы. Фыццаг хатт базонгæ стæм, Тбау-дон нæ регионмæ гуманитарон æххуысимæ куы æрбахæццæ, уæд. Йæ бæрзонд хæрзхъæддзинад ын уæд банкъардтам æмæ нæ зæрды сæвзæрдис ирыстойнаг куыстуатимæ æмгуыст кæнын. Нæхæдæг сæрмагондæй æрцыдыстæм æмæ базонгæ стæм компанийы архайд æмæ разамындимæ. Федтам нæхи цæстæй, куыстуаты сæргъы кæй лæууы, профессион æгъдауæй иттæг хорз цæттæ къорд, уый. «Бавария»-йы командæ дæр мах регионмæ арæх æрцæуы æмæ æркæсы, куыд кусæм, цæмæй æййафæм тыхстдзинæдтæ, иудадзыг немæ æмныхасмæ вæййы цæттæ. Ахæм хæлардзинадæн та аргъ нæй æмæ, уый мах нæ зæрдыл дарæм. Уыдыстæм «Бавария»-йы 30 азы юбилейы бæрæгбоны дæр. Ирыстойнаг компани архайы, цæмæй иумæ дарддæр ныфсджынæй цæуæм, нæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн дæттæм. Амалхъомады кæддæриддæр ахсджиагыл нымад сты инновацитæ, фæлхасгæнæджы домæнтæ, – загъта Вячеслав Кулешов.
Конференцийы кæронбæттæны уазджытæн сæ зæрдæтæ барухс кодтой нæ республикæйы аивадон къордтæ концертон программæйæ, равдыстой сын, ирон бæгæны куыд фæзынд, уый тыххæй дæр цымыдисаг видеоæрмæг.
Саутæты Тамилæ, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА
3














