Уæрæсейы Федерацийы сывæллонджын бинонтæн паддзахадон æххуысы системæ арæзт у цалдæр къæпхæнæй, æмæ дзы пайдагонд цæуы цалдæр
хуызы пособитæ, льготæтæ æмæ æндæр фиддонтæй. Уый тыххæй фыссы газет «Известия».
Федералон Хицауады минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй паддзахады социалон политикæйы сæйрагдæр уагæвæрдтæ арæзт сты бæстæйы демографион уавæр
хуыздæрырдæм ивынмæ, сывæллонджын бинонты царды уавæртæ нывылдæр кæнынмæ. Уыимæ, паддзахадон æххуысы ахæм мадзæлттæ хъомысджындæр кæндзысты.
Уыдонæн сæ ахсджиагдæр – ныййарæджы капиталы тыххæй федералон программæ. Афтæ, 2026 азы февралæй фæстæмæ ныййарæджы капиталы бæрцыл бафтдзæн 6,8 проценты бæрц. Ахæм индексацийы фæстæ фыццаг сывæллоны номыл паддзахадон фиддоны бæрц суыдзæн 737,2 мин сомы, дыккаг сывæллонæн та – 974,1 мин сомы. Уыимæ, сывæллоны райгуырды тыххæй иухаттон пособийы бæрц та суыдзæн 28,7 мин сомы бæрц.
Ныййарæджы капиталы тыххæй сертификаты бындурыл амынд паддзахадон æххуысы фæрæзтæ бинонтæн сæхи фæндонæй схардз кæнæн ис цалдæр нысаныл. Уыдоны нымæцы – царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын, сывæллæтты ахуырад, ныййарджытæй иуы фидæны пенси, сахъат сывæллæттæн реабилитацийы техникон фæрæзтæ æлхæнын æмæ хъæугæ лæггæдтæн фидын. Уымæй уæлдай, цыбыркъух бинонтæн ис ныййарæджы капиталы фæрæзты иу хай æрвылмæйон фиддоны хуызы исыны бар (сывæллоныл цалынмæ 3 азы нæ сæххæст, уæдмæ).
Нæ уацхæссæг














