Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта, Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, регионты разамонджытæн цы æмбырд скодта, уым. Æмбырд уыд юбилейон – 45-æм.
Рæгъмæ рахастæуыд бирæ ахъаззаг фарстатæ, баст уыдысты регионалон æмæ дунеон æмгуыстадимæ. Хицæнæй æрдзырдтой Арктикæйы рæзтыл, уый у тынг ахадгæ æмæ вазыгджын. Уæдæ, африкæйаг континенты цы паддзахæдтæ ис, уыдонимæ уæрæсейаг регионтæн хъуамæ уа алывæрсыг æмгуыстад.
Сергей Лавров куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй журналисттæ æмæ блогертимæ куыстмæ хъæуы фылдæр æргом здахын. Регионтæн æмбæлы æппæт фадæттæ саразын, цæмæй сæм фылдæр журналисттæ æмæ блогертæ цæуой, уавæр уыной, хæццæ сæ кæной адæммæ. Нæ республикæйы раза-монæджы фиппаинагмæ гæсгæ, æрæджы Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой фæсарæйнаг журналисттæ æмæ блогертæ.
Уыдысты Араббаг Эмиратты, Китайы, Турчы, Узбекистаны, Казахстаны минæвæрттæ. Базонгæ сты ирыстойнаг хъæздыг историимæ, культурæимæ. Ацы æмбырдæй нæ республикæйы Сæргълæууæг разыйæ баззад. Уыцы бон ма Сергей Меняйло архайдта æвзагзонынады номдзыд ахуыргонд, иранист, бæстæзонæг, этимолог æмæ ахуыргæнæг Абайты Васойы райгуырды 125 азы кадæн æмбырды.
Скодтой йæ Уæрæсейы культурæйы фонды.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Абайы-фырт æгæрон бавæрæн бахаста нæ истори, культурæ æмæ удварны бынтæ раиртасынмæ. Йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уымæн рох кæнæн нæй. Республикæйы разамонæг æрæджы комкоммæ эфиры куыд загъта, афтæмæй Абайты Васойæн цыртдзæвæн æвæрд æрцæудзæн республикæйы хардзæй. Йæ бынат бæрæг у – Коцойы-фырты уынджы скверы. Цыртдзæвæн скæн-
дзæн скульптор Цхуырбаты Олег. Хъуыддæгтæн бæрнон у Культурæйы министрад.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














