Министрты ахъаззаг уынаффæтæ

0
126

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым æркастысты республикæйы социалон-экономикон рæзт æмæ граждæнты фæрныгадыл дзурæг фæндзай фарстайæ фылдæрмæ.

Фидаргонд æрцыдысты 2025 азы республикæйæн лæвæрд субсидитимæ баст финансты бæрц фæфылдæр кæныны тыххæй Паддзахадон программæ «Цæгат Ирыстоны рæзт»-мæ хаст ивддзинæдтæ. Сæ иумæйаг бæрц, регионалон фæрæзтимæ нымайгæйæ, 36 милуан сомæй фылдæр уыдзæн.

Национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард»-ы фæлгæты бахастой ивддзинæдтæ медицинон реабилитацийы регионалон программæмæ. Уыдонмæ гæсгæ фæуæрæхдæр уыдзæн, 2025-2030 азты дæргъы федералон программæ æххæст кæнгæйæ, нырыккон медицинон кусæн дзауматæй чи ифтонггонд цæу-
дзæн, уыцы медицинон организациты хыгъд. Нысангонд сын ис федералон бюджетæй субсиди. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ацы аз республикæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагдæттæн балхæдта ног ифтонггæрзтæ:

– Нæ сæйраг нысан у республикæйы цæрджытæн афойнадыл бæрзонд æмвæзадыл медицинон æххуыс раттын. Уæлдай цæстдард цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм.

Уымæй уæлдай, регионы рæзы фыццаградон медицинон æххуыс раттыны цæг. Уынаффæ хаст æрцыд фæстауæрцгонд фæрæзты руаджы медицинон уагдæттæ уæлæмхасæн кусæн дзауматæй сифтонг кæныны тыххæй.

Министртæ сфидар кодтой, субсидитæ кæмæн ратдзысты йæ цæрæнуаты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, уыцы граждæнты хыгъд. Се ‘хсæн – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ æмæ инвалидтæ. Уыцы хыгъдмæ ма бахастой 61 æрыгон бинонты – социалон фиддонтæ хъуамæ чи райса хæдзар балхæнынæн кæнæ саразынæн, уыдоны. Æххуыс райсдзысты паддзахадон программæ «Уæрæсейы Федерацийы граждæнтæн – уæгъдвæндаг æмæ æнцонвадат цæрæнуæттæ æмæ коммуналон лæггæдтæ»-йы фæлгæты.

Æмбырды ма хаст æрцыдысты паддзахадон фæсивæдон политикæ фæхуыздæр кæныны мадзæлтты тыххæй уынаффæтæ.

– Фæсивæдæн алывæрсыг æххуыс у нæ куысты сæйрагдæр нысантæй иу. Цы уынаффæтæ сфидар кодтам, уыдон арæзт сты рæзгæ фæлтæры патриотон æмæ хæрзæгъдаудзинады бындурыл хъомылад бæрзонддæр æмвæзадмæ сисынмæ. Уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн 2030 азмæ уагъд æрцæудзæн 500 милуан сомы, – загъта премьер-министр.

Ахсджиаг фарста у граждæнтæн куысты бынæттæ аразыны фарста дæр, æмæ рохуаты нæ баззад.

– Куысты бынæттæ аразыны «Фæндаггон картæ» æххæст кæнгæйæ, фæстаг дыууæ азы куыст раттам 3,5 мин адæймагæй фылдæрæн, æмæ уыцы хъуыддагыл дарддæр дæр архайæм, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

– Федералон конкурсты архайын ахъаззаг хотых у нæ муниципалитеттæн федералон бюджетæй æххуыс райсынæн æмæ сыл хорзырдæм зыны. Районты разамонджытæй курын стырдæр æргом аздахын ацы фарстамæ, – балхынцъ кодта ми-
нистрты кабинеты разамонæг.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

 

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here