Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» бахыгъта ацы азы куысты бæрæггæнæнтæ, стæй бавдыста иннæ азы пълантæ.
Партийы ног Адæмон программæйыл куыст æмæ 2026 азы æвзæрс-тыты уæлахиз нымад сты «Иугонд Уæрæсе»-йы сæйраг хæслæвæрдтыл.
– 2021 аз Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты заман парти кæимæ фæуæлахиз, «Иугонд Уæрæсе» йæ уыцы бындурон программон документ æххæст кæныны куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. Ацы аз партион фракци Парламенты дæллаг палатæмæ бахаста адæмон программæимæ баст 248 закъонæвæрынадон фæндоны. Иннæ аз парти кæй æххæст кæндзæн, æхцайæ уыцы мадзæлтты ифтонгадæн уæлæмхасæн 174 миллиард сомы цæмæй рахай кæной, ууыл бацархайдтам, – «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы æмбырды ныхас кæнгæйæ, загъта партийы сæрдар Дмитрий Медведев.
Амынд æхцатæ хардз-гонд æрцæудзысты ахуыргæнæндæттæ æмæ медицинон кусæндæттæ цалцæг кæныны хъуыддæгтыл, фæндæгты арæзтад æмæ фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йæн æххуысыл.
– Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинойнæгтæн æххуысмæ парти стыр æргом здахы. Ацы æххуыс фæфылдæр кæнынæн чи ахъаз кæны, ахæм æвддæс закъоны фидаргонд цæмæй æрцæуой, парти уымæн фадæттæ сарæзта. Уымæй уæлдай, парти архайы тæккæ къаддæр мызды бæрц фæфылдæр кæныныл дæр. Иннæ аз тæккæ къаддæр мызды бæрц дыууын авд мин сомæй фæфылдæр уыдзæн. Ацы аз æвзæрстыты иумæйаг бон нæ партийæ кандидаттæ райстой æппæт мандатты æстай проценты. Иннæ аз саразинаг Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты рæстæг æвзарджыты фылдæр хай «Иугонд Уæрæсе»-йыл цæмæй схъæлæс кæной, уымæн æппæт фадæттæ ис, – загъта Дмитрий Медведев.
Ацы аз партийы Адæмон программæмæ гæсгæ бæстæйы сарæзтæуыд 60 ног скъолайы æмæ 54 рæвдауæндоны, цалцæггонд æрцыдысты 749 скъолайы æмæ 1300 медицинон кусæндонæй фылдæр.
Æмбырды рæстæг Дмитрий Медведев партийы уæнгтæн (уыдонимæ – Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юри дæр) ратта партийы уæнджы билеттæ.
«Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы президиумы уæнг, Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабы ныхасмæ гæсгæ, Адæмон программæйы æппæт сæйраг уагæвæрдтæ æххæстгонд æрцыдысты.
– Адæмы комкоммæ курдиæттыл æнцайæг программæ бæстæйы æнæкъуыхцы райрæзтæн ахъаз кæны. Æхсæнадимæ ныхасы фæрцы паддзахадон политикæ кæй аразæм, уый нымайгæйæ, иннæ аз Адæмон программæ сбæлвырд кæнынæн æмбæстæгтæй фæндæттæ æмбырд кæныны куысты ног хай æххæст кæнын райдайдзыстæм. Ацы хъуыддаджы фæрцы уыдзæн дзыллæты тыхстагдæр фарстатæ сбæлвырд кæныны фадат. Сæйраг æргом здахдзыс-тæм адæмы фæрныгадмæ æмæ регионты æнæкъуыхцы рæзтмæ, – зæгъы Мæхъийы-фырт.
Санаты Альбинæ














