Æхсар æмæ лæгдзинадыл зарæггæнæг 

0
114

Зындгонд фыссæг, журналист Дзаттиаты Тотырбеджы
райгуырдыл сæххæст 115 азы.

Ирон литературæйы историйы азфыстыл бæстон куы афæлгæсæм, уæд дзы прозæйы жанры Фæрнион Къоста, Боциты Барон, Мамсыраты Дæбе, Богазты Умары æмрæнхъ, куыд фыссæг-документалист, афтæ, зæрдиагдæр лæггæдтæ нæ ирон дзырдаивады дæснытæй чи бакодта, уый у зындгонд ирон прозаик, журналист Дзаттиаты Тотырбег. Уæздан, цæстуарзон, бирæвæрсыг сфæлдыстадон гæнæнты хицауæй йæ зыдтой  уырыссаг æмæ ирон дзырдаивады дæснытæ, нæ бæстæ æмæ Цæгат Кавказы литературон æхсæнады минæвæрттæ.

Дзаттиаты Исмаилы фырт Тотырбег райгуырд  1910 азы 28 декабры Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Сыбайы хъæуы. Йæ сабибонтæ арвыста æвæрæз æмæ хидгуысты уавæрты. Хæрзæвзонг ма уыд, афтæмæй йæ мад амард. Йæ фыд, йæ кæстæр æфсымæр æмæ хотимæ Тотырбег ралыгъд Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцард Къодахджыны. Фæлæ ам дæр Дзаттиатæм царды амонд йæ мидбылты нæ бахудт. Фыд Исмаилы 1920 азы амардтой урсгвардионтæ, æмæ Тотырбег баззад
хæдзардарæгæй. Цыди æххуырс-ты, хызта фос, афтæмæй дардта йæ кæстæр æфсымæр æмæ дыууæ хойы. Хуыздæр царды уавæр бацагуырдта Тотырбег уæды рæстæджы ног арæзт хъæу Ногиры. Ам бацыд скъоламæ. Сахуыр дзы кодта фондз къласы. Цард æмæ йын сфæлдыстадон куыстмæ уæрæх фæндаг байгом, 1925 азы фæскомцæдисмæ куы бацыд, уæд. 1926 азы Тотырбег кусын райдыдта газет «Рæстдзинад»-ы типографийы мыхуыргæнæджы æххуысгæнæгæй. Уыцы иу рæстæг ахуыр кодта  Кусæг факультеты.

Зæрдæргъæвд, зонындзинæдтæм тырнæг æмæ чиныгыл æнувыд лæппуйы 1932 азы снысан кодтой республикон фæсивæдон газет «Æрыгон большевик»-ы редакторы хæстæ æххæстгæнæгæй. 1933-1934 азты та уыд Алагиры районы газет «Раздзог»-ы
бындурæвæрæг æмæ фыццаг редактор.

1931 азæй Тотырбегæн йæхи фыст фыццаг очерктæ, фельетонтæ, радзырдтæ, уацтæ мыхуыры цæуын райдыдтой газеттæ «Рæстдзинад», «Æрыгон большевик», альманах «Абон»-ы. Йæ фыццаг уацау «Революцийы хъæбатыр» мыхуыры фæзынд 1932 азы. Равдыста дзы Хуссар Ирыстоны партизанты тох советон хицаудзинады æрфидарыл. 1934 азы та дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуыйы газет «Правда»-йы номыл советон журналистикæйы Æппæтцæдисон коммунистон паддзахадон институтмæ. Цыппар курсы дзы каст фæци, дарддæр  йæ уæлдæр ахуырад  кæронмæ ахæццæ кодта Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты. Йæ ахуыр кæронмæ нæма фæци, афтæ 1939 азы ацыд Финляндийы хæстмæ, уыд къахдзоныгъдынты эскадроны комиссар. Цалдæр хатты цæф дæр фæци. 1941 азы йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта литературон институты. Æнтыстджынæй йæ каст фæци æмæ дзы
куыста фæсаууонмæ ахуыры хайады сæргълæууæгæй.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау азты Тотырбег уыд хæцæг æфсады, йæ хæс æххæст кодта Цæгатаг флоты. Уыд газет «Северная вахта»-йы партион хайады сæргълæууæг, Советон Цæдисы Телеграфон агентад (ТАСС-ы) æфсæддон уацхæссæг. Уыцы рæстæг ныффыста дыууæсæдæ очеркæй фылдæр. 1942 азы ноябры Тотырбег архайдта Баренцы денджызы æфсæддон операцийы. Йæ сæр фæци уæззау цæф, æмæ 1943 азы февралмæ уыд æфсæддон госпиталы. Куы йæ рафыстой, уæд æй снысан кодтой Сау денджызы флоты политикон управленийы хистæр инструкторæй. Архайдта Новороссийск, Керчь, Севастополь, Хъырым, Румыни æмæ Болгари немыцаг лæгсырдтæй ссæрибар кæныны тохты. Новороссийск знагæй сыгъдæг кæнгæйæ, Тотырбег ногæй фæци уæззау цæф. Йæхи дзæбæх кодта æфсæддон рынчындоны. Йæ къæхтыл куы слæууыд, уæд фæстæмæ æрлæууыд æфсады рæнхъыты. Йе ‘фсæддон лæгдзинад æмæ намысджын хъуыддæгты фæдыл ын лæвæрд æрцыд Сырх стъалыйы, Æфсæддон Сырх Тырысайы æмæ Фыдыбæстæйы хæсты ордентæ æмæ къорд майданы.

Хæсты фæстæ Тотырбег ссыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Уыд журнал «Мах дуг» æмæ альманах «Советон Ирыстон»-ы  (мыхуыры цыд уырыссаг æвзагыл) сæйраг редактор. Йæ литературон сфæлдыстады алывæрсыг æмæ парахатæй советон æмæ ирон чиныгкæсджыты фæлтæрмæ хаста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл, Райгуырæн бæстæ æмæ Ирыстоны хъæбатыр фырттæ æмæ сылгоймæгты, сгуыхт æфсæддонты лæгдзинадыл фыст романтæ, уацаутæ, радзырдтæ,
очерктæ. Йæ литературон курдиаты руаджы зындгонд фыссæг зæрдиагæй бацархайдта Ирыстоны фарны хъæбул Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад, йæ зæрдæйы сагъæстæ æмæ адæмыл æгæрон мæт аивадон прозæйы равдисыныл. Ныффыста йыл роман «Хæххон стъалы», уацау «Цы уыдзынæ, лæппу, цы?», радзырдтæ æмæ очерктæ.

Алы азты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон æмæ Советон Цæдисы стырдæр рауагъдæтты мыхуыры цыдысты ирон, уырыссаг æмæ нæ бæстæйы адæмты бирæ æвзæгтæм тæлмацгондæй йæ фыст документалон-аивадон уацмыстæ. Сæ зындгонддæртæ сты «Ироны намыс», «Морской джигит», «Хæххон цæргæс», «На берегах Терека», «Два друга», «Царды фæндагыл», «Зилгæхохы цур», «Повести и рассказы», «Хæххон стъалы», «Магистраль дружбы», «Мæ урс дадалитæ», «За вас отдам я жизнь», «Уæлдæфы ирон чызг», «Сусæг фæндæгтыл», «Пламя над Тереком», «Æхсаргæрдты зæлланг», «Дика», «Дуджы барæг», «Уæ хъысмæт, нæ хæхтæ»….

Курдиатджын фыссæг, журналист, хъæбатыр хæстон хæларæй цард нæ бæстæйы зындгонддæр фысджытæ, поэттæ æмæ тæлмацгæнджытæй Константин Симонов, Юрий Лебединский æмæ йæ чызг Лидия Лебединскаяимæ, Николай Тихонов, Георгий Марков æмæ Александр Яшинимæ.

Номдзыд фыссæг-документалист, дæсны журналист æмæ ныфсхаст хæстон Дзаттиаты Тотырбег нæ бæстæ æмæ Ирыстоны литературæмæ зынгæ æмæ ахадгæ æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Кады нысаны æмæ Фæллойы Сырх Тырысайы ордентæ. Йæ цардæй ахицæн 1984 азы 7 июлы. Кадджын æмæ хъыгзæрдæйы уагимæ йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты.

 

ГАСАНТЫ Валери, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон
литературæйы музейы хистæр зонадон кусæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here