Хъæбысхæсты бæрæгбон – Хъазыбеджы кадæн

0
62

Ивгъуыд хуыцаубон спортуарзджыты зæрдæты баззайдзæн куыд уæгъдибар хъæбысхæсты бæрæгбон. Уыцы бон Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы уæгъдибар хъæбысхæс-тæй арæзт æрцыд командон фембæлд Дагестан æмæ Ирыстоны богæлтты ’хсæн.

Фембæлд арæзт æрцыд ССР Цæдис, Уæрæсе æмæ Узбекистаны сгуыхт тренер Дедегкаты Мæхæмæты фырт Хъазыбеджы 80 азы юбилейы кадæн.

Хъæбысхæсты изæр саразын уыди нæ таурæгъон тренер Дедегкаты Хъазыбеджы хъомылгæнинæгтæ, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ Фадзайты Арсен, Хæдарцаты Махарбег, Таймазты Артур, Хабелаты Лерийы фæндон. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты нæ иннæ зындгонд богæлттæ дæр цалдæрæй. Ерыстæн æмбæлгæ уавæртæ саразыныл зæрдиагæй бацархайдтой РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрады кусджытæ. Йе ’ххуысы хай сæм бахаста Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, Уæрæсейы спортсменты иугонды сæрдар Давид Мусульбес дæр.

Дагестан æмæ Ирыстоны богæлтты фембæлдмæ цас спортуарзджытæ тырныдтой, уыдонæн се ’мбисæн бынæттæ æрлæууынмæ дæр не сфаг. Бæргæ, куы нæм уаид ахæм стыр æмæ алцæмæй ифтонг спортивон галуан. Спортивон залмæ бахауыны фадат кæмæн фæци, уыцы спортуарзджытæ æвдисæн уыдысты рæсугъд æмæ мидисджын бæрæгбонæн.

Хъæбысхæсты изæр гом кæныны мадзалы архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, Уæрæсейы спорты министры хæдивæг Олег Матыцин, Уæрæсейы хъæбысхæсты федерацийы вице-президент Омар Муртазалиев, Олимпиаг хъæзтытæ æмæ дунеон чемпионатты уæлахиздзаутæ: Фадзайты Арсен, Хæдарцаты Махарбег, Хабелаты Лери, Таймазты Артур.

Тускъаты Таймураз йæ раныхасы зæрдиаг арфæ ракодта хъæбысхæсты изæр саразджытæ æмæ йæ архайджытæн. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Дедегкаты Хъазыбег æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ Ирыстон æмæ Советон Цæдисы уæгъдибар хъæбысхæсты сырæзтмæ цы стыр æвæрæнтæ бахастой, уый.

Зæрдиаг арфæтæ ракодтой ерысты архайджытæ, уазджытæ æмæ спорт-уарзджытæн Фадзайты Арсен, Хæдарцаты Махарбег, Таймазты Артур, Хабелаты Лери. Уыдон ма сæйраг арфæтæ ракодтой сæ уарзон тренерæн æмæ йыл сæмбæлын кодтой сæ сæрмагонд лæвар.

Фадзайты Арсен ма йæ раныхасы фехъусын кодта, Олимпиаг хъæзтытæ æмæ дунеон чемпионатты фесгуыхæг богæлттæ иумæйагæй Уæрæсейы разамонджытæм курдиат кæй арвыстой, Дедегкаты Хъазыбег Уæрæсейы Фæллойы хъайтары номæй схорзæхджын кæныны уыцы кады аккаг кæй у, ууыл дзурæг сты йæ хъомылгæнинæгты сгуыхтдзинæдтæ.

Хъазыбег кæй бацæттæ кодта, уыцы богæлттæн бантыст рамбулын 1-аг бынæттæ æмæ сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын суæвын аст хатты Олимпиаг хъæзтыты, дунеон чемпионатты та – нудæс хатты. Уымæй уæлдай ма, йæ хъомылгæнинæгтæ æвзист æмæ бронзæ майдантæ уыцы ерысты рамбылдтой ссæдзæй фылдæр. Хъазыбеджы хъомылгæнинæгтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты Европæ æмæ Азийы чемпион æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ дæр.

Бирæйыл дзурæг у уый дæр, æмæ Дедегкаты Хъазыбег 1988, 1989 æмæ 1992 азты дунейы хуыздæр тренерыл нымад кæй æрцыд.

Спортивон ерысты цыд рауад тынг цымыдисаг.

Æппæты рогдæр уæзы, 57 кг онг фембæлдысты Уæрæсейы чемпион Муса Мехтиханов æмæ Гобаты Артем. Сæ ныхмæлæуд ахицæн Мехтихановы пайдайæн 3:2 хыгъдæй æмæ Дагестаны командæ 1:0-æй рацыд размæ.

61 кг онг уæзы фембæлдысты дагестайнаг богал, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дунейы 3 хатты чемпион Заур Угуев æмæ Европæйы чемпион Тускъаты Азæмæт. Сæ ныхмæлæуды 4:0-æй фæуæлахиз Заур Угуев, æмæ командон фембæлды хыгъд ссис 2:0 Дагестаны пайдайæн.

65 кг онг уæзы Уæрæсе æмæ Европæйы чемпион дагестайнаг богал Ибрагим Ибрагимов æмæ Хъызынты Дзамболаты фембæлды дæр фæуæлахиз Дагестаны минæвар, æмæ хыгъд ссис 3:0 уазджыты пайдайæн.

Ирыстойнаг богæлттæн фыццаг хатт рамбулын бантыст 70 кг онг уæзы. Иттæг хорз рауад дунейы чемпион Байаты Давиды архайд Абдурахман Далгатовы ныхмæ. Давид фæуæлахиз 11:0 хыгъдæй æмæ командон фембæлды хыгъд ссис 3:1 Дагестаны пайдайæн.

Хыгъд 3:2 ссис 74 кг онг уæзы фембæлды фæстæ. Ацы уæзы та иттæг зæрдæмæдзæугæ рауад нæ номдзыд богал, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Сидахъаты Зауырбеджы архайд. Зауырбег фæуæлахиз 10:0 хыгъдæй, æмæ командон ерыс ссис 3:2 Дагестаны пайдайæн. Уыцы хыгъд сæмхуызон кодта Европæйы 4 хатты чемпион Салхъазанты Таймураз. Уый 79 кг онг уæзы 3:2 хыгъдæй фæуæлахиз Уæрæсейы чемпион Ахмед Усмановыл, æмæ командæты хыгъд ссис 3:3.

Ирыстоны командæ 4:3 хыгъдæй размæ рацыд спорты сгуыхт мастер Найфонты Артур 86 кг онг уæзы, 8:4 хыгъдæй йæ дагестайнаг ныхмæлæууæг Ибрагим Кадиевыл куы фæуæлахиз, уæд.

Фембæлды хыгъд та æмхуызон ссис, 92 кг онг уæзы Багаты Арслан æмæ дагестайнаг богал Аманула Гаджимагомедовы хъазуатон тох 11:8-æй Аманула куы рамбылдта, уæд.

97 кг онг уæзы Дагестаны минæвар, таурæгъон богал, Олимпиаг хъæзтыты 2 хатты уæлахиздзау, дунейы 6 хатты чемпион Абдулрашид Садулаев æмæ Европæйы чемпион Багаты Арсланы фембæлд ахицæн 9:1 хыгъдæй Садулаевы пайдайæн.

Хыгъд ссис 5:4 – Дагестаны пайдайæн æмæ кæронбæттæны фембæлдысты уæззау уæзы (125 кг) хæцæг богæлттæ Абдулла Курбанов æмæ Гаглойты Инал. Ацы тохæй аразгæ уыд командæты фембæлды кæронбæттæны хыгъд. Уæззаууæзонты тох рауад цымыдисаг. Гаглойты Иналæн бантыст 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз уæвын, æмæ Уæрæсейы дыууæ тыхджындæр командæйы цымыдисаг фембæлд ахицæн 5:5 хыгъдæй.

Ерысты ацыдæй тынг разыйæ баззадысты, куыд спортуарзджытæ, афтæ дыууæ командæйы иузæрдион фарсхæцджытæ дæр. Алы фембæлды дæр уыдис йæхи цымыдисаг фæзындтытæ. Æмткæй райсгæйæ та богæлтты цымыдисаг  фембæлд рауад спорты стыр бæрæгбонау.

Уый сæ цыбыр раныхæсты бахахх кодтой ерысты архайæг богæлттæ дæр.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Æгайты Эрик кæд бирæ азты Мæскуыйы цæры, уæддæр фидар баст у йæ райгуырæн Ирыстонимæ, æмæ та ныр дæр ссыд ацы фембæлд фенынмæ. «Цы ма ис хуыздæр ахæм рæсугъд спортивон ерыстæй! Ам фембæлдысты, бирæ азты Уæрæсе æмæ Советон Цæдисы дæр хуыздæрыл нымад цы уæгъдибар хъæбысхæсты скъолатæ уыдысты, уыдоны минæвæрттæ. Ахæм фембæлдтытæ æвдисæг сты нæ уарзон спорты хуызы рæсугъддзинад. Уый хуызæн зындгонд богæлтты архайд разæнгард кæны æвзонг фæлтæры хъæбысхæстыл æнувыд уæвынмæ. Нæхæдæг æй федтам, куыддæр богæлтты ерыстæ фесты, афтæ къаннæг сывæллæттæ гауызмæ атындзыдтой æмæ хъæбысхæсты фæлтæрæнтæ кæнын райдыдтой. Тынг хорз рауад абоны фембæлд, арфæйы аккаг сты йæ саразджытæ иууылдæр!» – загъта Æгайты Эрик.

Ацы фембæлд саразджыты бафæзмынынмæ хъавынц нæ дагес-тайнаг хæлæрттæ дæр. Уыдон сæхимæ, Дагестаны, иннæ аз мартъийы мæйы фæндон рахастой нæ дыууæ
республикæйы богæлттæн æмбаладон командон ерыстæ саразын.

 

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here