Дзæуджыхъæуы 25-æм астæуккаг скъолайы кæронмæ æрхæццæ сты бындурон цалцæджы куыстытæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ.
Мичурины æмæ Остъайы-фырты уынгты тигъыл чи æрбынæттон, уыцы скъола байгом 1958 азы. Уæдæй нырмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы бæстыхай уæлæнгæйтты цалцæггонд цыд, ныр та ралæууыд йæ бындурон рацарæзты рæс-
тæг.
Подрядон организацийы бригадтæ зæрдиагæй бацархайдтой ахуырадон кусæндоны нывыладыл – агъуысты æддаг бакаст дæр, мидæггаг бæстыхæйттæ дæр сæ хуыз скалдтой. Аивгæнæн куыстыты размæ аразджытæ раивтой донуадзæн, хъармдæттæн æмæ иннæ инженерон коммуникацитæ, скъолайы сæр ног æрмæгæй æрæмбæрзтой…
«Бындурон цалцæджы æппæт нысангонд куыстытæ афойнадыл конд æрцыдысты. Ныр скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ архайынц æппæтфадатджын нырыккон æмæ æдас уавæрты», — бафиппайдта министрады пресс-службæйы минæвар.
Зæгъын хъæуы, скъолайы бындурон цалцæг фыццаградон национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты æххæстгонд кæй æрцыд, уый дæр.
Нæ уацхæссæг














