«Мах — Иры лæппутæ!»

0
56

Æрæджы Змейкæйы дыккæгæм астæуккаг скъолайы уыд Кировы районы хъæуты ахуырдзау лæппу-фæсивæды ‘хсæн æркаст-ерыс «Ирон дæн æз». Ардæм æрбацыдысты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, районы ахуырады управленийы бæрнон кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ерысы архайджыты ныййарджытæ, скъоладзаутæ æмæ педагогтæ.

Æркасты жюрийы уæнгтæ — Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы координатор Туаты Алан, районы ахуырады управленийы сæйраг специалист Битарты Оксанæ, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан, районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Бедойты Феликс, Æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Движение первых»-ы районы хайады сæрдар Саулохты Хъазыбег — сæ бынæттæ куы бацахстой, уæд сценæмæ æмхуызонæй рацыдысты ерысы архайджытæ ирон национ уæлæдарæсы: Кæрдзыны скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Сæлбиты Спартак, Ираны скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Плиты Астемыр, Ставд-Дурты хъæуы скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Дауиаты Æхсар, Елхоты 1-æм скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Коцты Хетæг, Елхоты 2-æм скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Алæты Хетæг, Елхоты 3-æм скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Бæройты Чермен. Залы бадджытæ сын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Æмæ уый аккаг сты — ацы лæппутæй алчидæр у ахуыры раззагдæр, æгъдауæй æмæ ‘фсармæй фæзминаг.

Уазджыты номæй ерысы архайджытæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн арфæ ракодтой Къубалты Солтан æмæ Бедойты Феликс.

Æркасты фыццаг хæслæвæрд уыд «Мыггаджы равзæрд». Фæсивæд дзырдтой сæ мыггаджы истори æмæ хæдзарвæндаджы равзæрды тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй йæ бæрæгбон чи куыд кæны, уый дзурæг у адæмы культурæйыл. Ерысы архайджытæ сæ зонындзинæдтæ равдыстой, фыдæлтæй чи баззад, уыцы ирон бæрæгбæттæн куыд хорз зонынц сæ нысаниуæг, сæ мидис æмæ сæ фæткæвæрд. Æгъдау у ирон царды сæр. Уымæ гæсгæ дарддæр базонгæ кодтой мадзалы архайджыты чызгæрвыст æмæ чындзхасты, ирон фынджы ‘гъдæуттимæ. Уæлдай æхсызгондæрæй залы бадджытæ бакастысты лæппуты аивадон æркастмæ — сæ арæхстдзинадмæ кафынæй æмæ æмдзæвгæтæ кæсынæй.

Лæппутæ иу иннæйы фæдыл хызтысты сценæмæ, сæхи равдыстой арæхстджынæй, бæлвырд æмæ мидисджын уыдысты сæ раныхæстæ, бæрæг уыд, сæхи хорз кæй бацæттæ кодтой, уый. Жюрийы уæнгтæ сæ алы æркастæн дæр хатдзæгтæ кодтой бæрæггæнæнтæ æвæргæйæ.

Алы ерысы дæр сбæрæг вæййынц хуыздæртæ. Ацы аз муниципалон æркаст «Ирон дæн æз»-ы уæлахиздзау ссис Бæройты Чермен, арфæйы ныхæстæ райста йæ ахуыргæнæг Танделаты Кетино. Дыккаг бынат бацахста Алæты Хетæг, бацæттæ йæ кодта Дзгойты Иринæ. Æртыккаг бынат саккаг кодтой Коцты Хетæгæн, йæ
ахуыргæнæг — Гæззаты Ритæ. Лæппутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты Цæгат Ирыс-
тоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы Кады гæххæттытæй.

Кæронбæттæны æппæт архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Туаты Алан. Уæлдай арфæйы ныхæстæ загъта ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл сæ æвæллайгæ куысты тыххæй. Бузныг загъта хистæртæн, ахæм бæрнон рæстæг кæстæрты фарсмæ кæй æрбалæууыдысты æмæ сæ кæй сразæнгард кодтой, уый тыххæй.

— Ахæм мадзæлттæ фæсивæдæн фадат дæттынц сæ зонындзинæдтæ æмæ сæ аивад равдисынæн, кæрæдзийы хуыздæр базонынæн, — загъта мадзалы фæстæ Къубалты Солтан..

Æркаст-ерысæй рауад æцæг бæрæгбон, дæсны йæ амыдтой Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ Цæлойты Сæрмæт æмæ Туаты Ульянæ. Аив музыкæйæ мадзал срæсугъд кодта Елхоты Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары ансамбль.

 

КЪУБАЛТЫ Аркади, къамы: ерысты
архайджытæ æмæ
жюрийы уæнгтæ

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here