Кæронбæттæн хатдзæгтæ

0
108

Æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы координацион совет  афæдзы куыстæн хатдзæгтæ скодта. Ныхас цыд дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты ахадгæ архайдыл дæр. Афтæмæй 2025 азы Кады гæххæттытæй схорзæхджын кодтой, «Аланты Ныхас»-ы куыст ахадгæ-дæр кæй фæрцы фæцис, уыцы адæмы.

Уыдонимæ уыдысты Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, фыссæг, публицист Цгъойты Хазби æмæ Национ телекомпани «Осетия – Ирыстон»-ы журналист Хуыбылты Жаннæ. Цгъойты Хазбийæн мадæлон æвзаг йæ зæрдæмæ хурау ныккæсы, у куыстуарзаг, дæсны адæймаг. Рæгъмæ æппынæдзух хæссы, адæмы цы тыхсын кæны, сæ сагъæс цæуыл у, уыцы фарстатæ. Ныхасы номæй зындгонд фыссæг æмæ журналистæн арфæ ракодтой Дзæгъойты Вячеслав æмæ Цгъойты Тамерлан.

Кæронбæттæн æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй афæдзы дæргъы «Аланты Ныхас» куыста 11-æм съезды уынаффæтæ царды рауадзыныл. Уыдонæй иу баст уыд «Аланты Ныхас»-ы устав сфидар кæнынимæ.

Уæдæ «Паддзахадон æвзæгты тыххæй» закъоны проектыл бакусын дæр уыд вазыгджын хъуыддаг. Куыд зонæм, афтæмæй уал лыггонд æрцыд зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы номыл цыртдзæвæн сæвæрыны хъуыддаг. Афæдзы дæргъы æхсæнадон змæлды координацион совет сарæзта цалдæр тематикон æмбырды.

Ныхасы уæнгтæ архайдтой Джусойты Нафийы 100 азы æмæ Хаджеты Таймуразы 80 азы юбилейон изæры, Уæлахизы 80 азы кадæн æмæ æндæр ахсджиаг мадзæлтты. Национ бæрæгбæттæ аразыны хъуыддæгтæ, мыггæгты спортивон ерыстæ дæр конд æрцыдысты. 2025  азы «Аланты Ныхас»-ы фæзынд чиныгдон. Уагъд æрцыд национ бæрæгбæтты къæлиндар.

Координацион советы уынаффæйæ фæзынд  æнæниздзинад хъахъхъæныны комитет. Йæ сæрдар Бутаты Таймураз йæ раныхасы фæбæрæг кодта уæззау демографион уавæр. Ацы фарста  фыццаградон кæй у, уый бæрæг дары.

 

УрИмæгты Людмилæ,

«Аланты Ныхас»-ы
бæрнон нымæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here