Куыд алы аз дæр, афтæ та ныр дæр Ног азы къæсæрыл Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг театры кадджын уавæры алыхуызон ахорæнтæй сæрттывта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы назбæлас. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бæрæгбоны арфæтæ ракодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хъæбатырты сывæллæттæн.
– Ног азы бæрæгбон алы сывæллонæн дæр цымыдисаг у. Алчи дæр æм цавæрдæр хорздзинæдтæм фенхъæлмæ кæсы. Сабитæн æхсызгон у Митын Дада æмæ Митæйы фенын. Сæ фæндтæ æмæ бæллицтæ сæ ахæссынц аргъæутты дунемæ. Абон ацы залы сты, уæлдай цæстæнгас, уæлдай баузæлын кæуыл хъæуы, ахæм сывæллæттæ. Цавæрфæнды зындзинæдтæ кæд бавзæрстой, уæддæр æнхъæлмæ кæсынц бæрæгбонмæ, сæ зæрдæ дарынц хорздзинæдтыл, æмæ мах хъуамæ сæ фарсмæ балæууæм. Зæрдиагæй уын арфæ кæнын! Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд! Уæ фæндтæ æмæ уæ бæллицтæ уæ къухы бафтæнт! – загъта Сергей Меняйло.
Уырыссаг театры курдиатджын артисттæ сывæллæттæн равдыстой спектакль «Кот в сапогах». Залы тыхджын къухæмдзæгъдæй бæрæг уыд, сывæллæтты зæрдæтæ кæй барухс сты, уый. Саби æнæхин зæрдæйы хицау у. Сæ зæрдæтæм фæндаг ссарын бантысы, æрмæст стыр курдиат кæмæ ис, уыдонæн. Бузныг Уырыссаг театры артисттæн! Бузныг Сергей Меняйлойæн!
Бæрæгбоны кæронбæттæны республикæйы Сæргълæууæджы номæй алы сывæллонæн дæр балæвар кодтой Ног азы лæвæрттæ.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














