Ирыстойнаг скъоладзаутæ – Мæскуыйы

0
80

УФ-йы Федерацийы Советы хуындæй Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ – абалц кодтой Мæскуымæ. Бирæтæ дзы нæ бæстæйы сæйраг горæт фендзысты фыццаг хатт. Хæрзаудæн ацы хорз хъуыддаг саразыны хъæппæрис равдыстой, «Ветерантæ», зæгъгæ, сгарæн-размæбырсæн бригады разамынд Федерацийы Советы наукæйы, ахуырад æмæ культурæйы комитеты æххуысæй.

Раздæр уал сывæллæтты фæхуыдтой Федерациийы Советмæ. Парламенты уæллаг палатæйы сын сарæзтой экскурси, радзырдтой йæ куысты тыххæй æмæ сын равдыстой Парламенты телестуди. Скъоладзаутæн уыд фембæлд наукæйы, ахуырад æмæ культурæйы комитеты уæнгтæ – Ильяс Умахановимæ æмæ Айрат Гибатдиновимæ, стæй ма фембæлдысты Цæгат Ирыстоны сенатор Мамсыраты Таймуразимæ.

Мæскуымæ балцы рæстæг скъоладзаутæ бабæрæг кодтой Мæскуыйы историон бынат Поклонная гора æмæ Уæлахизы музей. Уым сын сарæзтой экскурси егъау равдыстыл «Адæмы Уæлахиз». Æвдыст дзы цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты советон адæм цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый.

Уымæй уæлдай, делегаци бабæрæг кодта Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты Мæскуыйы Сæйраг слестгæнæг управлени æмæ дзы фембæлд Управленийы разамонæг Уæзæгты Владимиримæ. Уазджытæн уый арфæ ракодта Ног азы фæдыл. Йæ зæрдæ сын загъта, цæмæй царды уой æнтыстджын, æнæниз æмæ амондджын. «Мах архайæм нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты бинонтæн æххуыс кæныныл, цæмæй кæстæртæ æмбарой, сæ ныййарджыты лæгдзинад æмæ хъæбатыр-
дзинад Фыдыбæстæ кæй зоны æмæ йын аргъ кæй кæны», – загъта Уæзæгты Владимир.

Алы сывæллон дæр райста Ног азы лæвар, уыимæ сын лæвæрттæ скодтой сæ фæндæттæм гæсгæ. Цæгатирыстойнаг скъоладзаутæ Мæскуыйы арвитдзысты цалдæр боны, æмæ ма сын уыдзæн бирæ экскурситæ æмæ фембæлдтытæ.

 

ДЕДЕГКАТы Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here