РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО архайдта УФ-йы Паддзахадон
Советы радон æмбырды. Президент Владимир ПУТИН сæрдариуæг кæм кодта, уыцы фембæлды архайджытæ æрдзырдтой Уæрæсейы экономикæйы къабæзтæн дæсны кадртæ цæттæ кæныны фарстайыл.
Æмбырд гом кæнгæйæ, Президент куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстæйы экономикæйæн специалисттæ цæттæ кæныны фарста у уæлдай ахсджиаг. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы хъуыддаг вазыгджын у экономикæйы æппæт къабæзтæ æмæ алкæцы регионæн дæр – уый цас æнтыстджындæрæй лыггонд цæуа, уый бæрц фæрныгдæр уыдзæн паддзахады фидæн.
– Ацы аз куыст райдыдта 19 ног национ проектыл. Уыдонæй 8 программæйы комкоммæ баст сты Уæрæсейы технологон размæцыдимæ. Æппæт проекттæ дæр иу кæны сæйрагдæр нысан – бæстæйы дарддæры æнæкъуыхцы райрæзтæн, экономикон хъомыс æмæ хæдбардзинад фидардæр кæнынæн саразын зæрдæзæгъгæ фадæттæ, – фæнысан кодта Владимир Путин.
Фæллойы базары сæвзæргæ уавæрыл дзургæйæ, Президент куыд бафиппайдта, афтæмæй экономикæйы бирæ къабæзты кусæг къухтæ нæ фаг кæны. Уый сæйрагдæр хауы кусæг æмæ инженерон дæсныйæдтæм. Куыстадон компанитæ
цух æййафынц конструктортæй, проектировщиктæй, технологтæ æмæ æндæр специалисттæй…
Цæмæй уыцы уавæр хуыздæрæрдæм ива, уый тыххæй хаст цæуы бæлвырд уынаффæтæ, сæ тыхы бацыдысты нысанмæарæзт программæтæ, хъомысджындæр кæны астæуккаг профессион ахуырады системæ. Дæсны специалисттæ цæттæ кæнынæн ахъаз сты национ проекттæ дæр – «Кадртæ», «Фæсивæд æмæ
сывæллæттæ» æмæ афтæ дарддæр.
Владимир Путин æмбырды архайæг федералон ведомствæтæ æмæ иннæ структурæты разамындмæ фæсидт, цæмæй сæ архайд уа рæстæджы домæнты аккаг, цæмæй æппæт нысангонд программæтæм уа бæстон цæстдард. Уыимæ, Президент бæлвырд амынд-
дзинæдтæ ратта Хицауад æмæ регионалон командæты бæрнон кусджытæн.
Хæстæгдæр азты нысантыл дзургæйæ, бæстæйы разамонæг фæбæрæг кодта фæсивæды профориентацийы инфраструктурæйы нывылад, астæуккаг æмæ уæлдæр профессион ахуырады системæйы райрæзт, фæллойы базары кусæг дæсныйæдты кадавардзинад аиуварс кæнын æмæ æндæр хъуыддæгтæ.Президенты ныхасмæ гæсгæ, энергетикæйы, транспорты, хъæууон хæдзарады, арæзтад æмæ экономикæйы иннæ вазыгджындæр къабæзтæн хъæугæ специалисттæ цæттæ кæныны ног программæтыл куыст хъуамæ рапарахат уа хæстæгдæр рæстæг.
Паддзахадон Советы уæнгтæ се ’мбырды кæронбæттæны сфидар кодтой бæлвырд уынаффæтæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














