Ныхас ахсджиаг фарстатыл

0
49

Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады ацы азы æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты администрациты сæрдартæ. Ныхас кодтой республикæйы экономикæ æмæ социалон рæзты фарстатыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Ног азы бæрæгбæтты рæстæг Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайдтой бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Хъыгагæн, уыцы рæстæгмæ республикæйы æрцыд 34 зынгсирвæзты. Иу адæймаг дзы хъыгдард баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинс-пекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 156 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 35 адæймаджы. Дыууæ адæймаджы дзы фæмард сты. Республикæйы хæххон районты рацыд аст зæйы. Боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ, Арвыкомы фæндаг ныртæккæ æхгæд у уæзласæн машинæтæн. Транскамы фæндагыл ацæуыны бар ис автотранспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууы 1784 транзитон уæзласæн машинæйы, 1220 та – электронон рады. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуыр-дзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 25820 автотранспортон иуæджы æмæ 80950 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мид-хъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Ног азы бæрæгбæтты рæстæг регионы æрцыд 215 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 121. 9 январы æбæрæг фыдгæнджытæ бадзырдтой республикæйы рынчындæттæм, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мид-хъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æвæстиатæй сарæзтой æппæт хъæугæ мадзæлттæ æмæ сбæрæг кодтой, хъусынгæнинаг мæнг кæй уыд, уый. Уый фæдыл дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ республикæйы хæххон регионты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.

– Афæдзы райдайæны дыууæ къуырийы дæргъы республикæйы эпидемиологон уавæр уыд нывыл. 10 адæймагмæ разынд коронавирусы инфекци, – уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хайад.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, нæ респуб-ликæйы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр кусынц æрвылбоны фæткыл.

Æмбырды Сергей Меняйло республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ Фæндагон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэлæн бахæс кодта федералон фæндæгты уавæрмæ лæмбынæгдæр кæсын, уæлдайдæр та  – бырынцъаг рæстæг.

Ноджы ма регионы разамонæг республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн бафæдзæхста, льготон хостæм æнхъæлмæ чи кæсы, уыдон сæ афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ куыд исой, уымæ цæст дарын. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы азы сæйрагдæр нысаныл нымайы РКБ-йы гемодиализы кабинет, стæй алы поликлиникæ æмæ рынчындоны дæр стоматологон кабинеттæ саразыны фарстатæ.

Сергей Меняйло респуб-ликæйы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадæн карзæй бафæдзæхста ног хуыркъахæн куыстытæн кæрон скæнын, зæронд
хуыркъахæн бынæттæм базилыны тыххæй та прокуратурæйы æххуысмæ фæсидын.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here