Цæгатирыстойнаг фæндагаразджытæ бавнæлдтой Хохы Санибайæ Хъæрмæдонмæ фæндаджы бындурон цалцæгмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг АТАРТЫ Георги.
Амынд участочы цалцæг куы ахицæн уа, уæд Хохы Санибайæ хæдтулгæ-йыл æнцонтæй æрхизæн уыдзæн автомобилон фæндаг «Джызæл – Хъæрмæдон – Фыййагдон – Дзуарыхъæу»-мæ (зындгонд куыд у, афтæмæй, Хъолайы цъитийы рацыды фæстæ хæлд чи ’рцыд, амынд уыцы фæндаг æрæджы ногæй сарæзтой).
Проектмæ гæсгæ, ног цалцæггонд участочы фæтæн уыдзæн 3 метры бæрц (йæ дæргъ та у 2,5 километры). Уыимæ, цалцæггæнджытæ фæндаджы былгæрæтты сараздзысты лæсæнтæй хъахъхъæнæн къултæ æмæ бæлццæтты æдасдзинадæн ахъазгæнæг æндæр техникон фæрæзтæ. Фæндагыл æрбынæттон уыдзысты дыууæ хиды дæр.
Подрядон организацийы минæвæрттæ ныридæгæн бавнæлдтой нысангонд куыстытæм. Фæлмæн зымæджы фадæттæй пайда кæнгæйæ, аразджытæ бындур æвæрынц фæндаг æмæ хидты хъайвантæн.
Зæгъын хъæуы, фæнда-джы бындурон цалцæджы куыстытæ фыццаградон национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты æххæстгонд кæй цæуынц, уый дæр.
Дмитрий АСТАХОВ














