Ныр та – литературæйæ…

0
41

Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ фæстаг азты æнтыстджын архайд кæнынц алыхуызон предметтæй æппæтуæрæсеон олимпиадæты. Уыимæ, республикæйæн федералон центр бабар кæны ахæм егъау ахуырадон ерысы кæронбæттæн саразын дæр.

Уый тыххæй фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады.

Зæгъæм, фарон Ирыс-тон суазæг кодта историйæ æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæны архайджыты. Амынд мадзал зæрдæмæдзæугæ æмæ æнтыстджын кæй рауад, уыцы æууæл хынцгæйæ, Рухсады федералон министрады уынаффæйæ республикæйæн саккаг кодтой литературæйæ æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн саразыны бар дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй уый сараздзысты
Дзæуджыхъæуы апрелы. Уæд Цæгат Ирыстонмæ ссæудзысты олимпиадæйы регионалон къæпхæнты уæлахиздзаутæ (æдæппæт – 400 скъоладзауæй фылдæр).

«Æхсызгон мын у, ахæм бæрнон куыст нын ныр дыккаг хатт кæй бабар кодтой, уый. Нæ фароны фæлтæрддзинадæй спайда кæнгæйæ, бацархайдзыстæм олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн бæрзонд æмвæзадыл саразыныл. Рагæй нæ фæндыд литературон олимпиадæйы кæронбæттæныл бакусын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм бæрнон хæс æвдисæг у регионы ахуырады системæйы фидар хъомысæн. Уыимæ, олимпиадæ ахъаз уыдзæн республикæйы педагогон кадрты профессион дæсныдзинад æмæ фæлтæрддзинад дарддæр бæрзонддæр кæнынæн – уыдон кусдзысты жюрийы, архайдзысты федералон кæронбæттæны иннæ мадзæлтты», – литературон олимпиадæмæ цæттæ кæныны фарстатыл дзургæйæ, бафиппайдта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2025 азы апрелы Дзæуджыхъæуы сарæзтæуыд историйæ æппæт-уæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн. Уыцы ахуырадон ерысы архайджытæ уыдысты 340 скъоладзауы бæстæйы 81 регионæй. Уæд олимпиадæйы кæронбæттæны уæлахиздзаутæ систы 26 лæппу æмæ чызджы, 133 скъоладзауæн та саккаг кодтой сæрмагонд призтæ. Призерты ’хсæн уæд уыд кæронбæттæны иунæг архайæг Ирыстонæй – 3-æм дзæуджыхъæуккаг скъолайы ахуырдзау Сергей Бельский дæр.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here